20 Иудадзыг ӕмӕ алцӕй тыххӕй дӕр нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы номӕй бузныг ут Фыд Хуыцауӕй.
ӕмӕ загъта: «Мадард бӕгънӕгӕй рацыдтӕн мӕ мады гуыбынӕй ӕмӕ уырдӕм дӕр мадард бӕгънӕгӕй ацӕудзынӕн: Дунедарӕг радта, Дунедарӕг айста. Арфӕгонд уӕд Йӕ ном!»
Давиды псалом. О Дунедарӕг, тӕрхон мын чи кӕны, уыдонӕн стӕрхон кӕн; мемӕ чи хӕцы, уыдонимӕ рахӕц!
Мӕ зӕрдыл дарын Дунедарӕджы хӕрзтӕ, Дунедарӕджы кад. Уый Израилӕн бацыди бирӕ хӕрзты ӕмӕ сӕ ныронг дӕр дӕтты рӕдауӕй.
Сымах Мӕ нӕ равзӕрстат, фӕлӕ уӕ Ӕз равзӕрстон ӕмӕ уын бахӕс кодтон, цӕмӕй цӕуат ӕмӕ дунейӕн пайда хӕссат, уӕ уыцы пайда мыггагмӕ куыд уа, афтӕ. Ӕмӕ уӕд Мӕ номӕй цыдӕриддӕр ракурат Фыдӕй, уый уын ратдзӕни.
Апостолтӕ рацыдысты синедрионӕй ӕмӕ цин кодтой, Йесойы номы сӕраппонд ахӕм ӕфхӕрды аккаг кӕй разындысты, ууыл.
Фыццаджыдӕр Йесо Чырыстийы фӕрцы арфӕ кӕнын мӕ Хуыцауӕн уе ’ппӕты тыххӕй дӕр, уымӕн ӕмӕ ӕгас дунейӕн уӕ уырнындзинад зындгонд у.
Ӕз иудадзыг арфӕ кӕнын мӕ Хуыцауӕн, Йесо Чырыстийы руаджы сымах Йӕ хорзӕхӕй кӕй схайджын кодта, уый тыххӕй.
Уый фӕстӕ ӕрцӕудзӕн кӕрон. Чырысти ӕппӕт ӕнӕбуар хицӕутты, барджынты ӕмӕ тыхджынты куы басӕтта, уӕд Паддзахад ратдзӕни Фыдмӕ — Хуыцаумӕ.
Стӕй уыл фыддзых, дзӕгъӕлдзырд ӕмӕ ӕнӕуаг хъазӕн ныхӕстӕ дӕр нӕ фидауынц, уый бӕсты арфӕ кӕнут Хуыцауӕн.
Куы уӕ ӕрымысын, уӕд кӕддӕриддӕр сымах тыххӕй бузныг вӕййын мӕ Хуыцауӕй.
Мацӕуыл мӕт кӕнут, фӕлӕ алы хатт дӕр кувут Хуыцаумӕ, лӕгъстӕ Йын кӕнут, арфӕ Йын кӕнгӕйӕ, ӕргом кӕнут уӕ фӕндиӕгтӕ,
Ныхасӕй кӕнӕ хъуыддагӕй цыдӕриддӕр аразут, уый уын уӕд Бардарӕг Йесойы номыл ӕмӕ Йӕ фӕрцы арфӕ кӕнут Фыд Хуыцауӕн.
Сымах тыххӕй, стӕй нын нӕ Хуыцауы раз цы стыр цин ӕрхастат, уый тыххӕй Хуыцауӕн аккаг арфӕ кӕм ссарӕм?
Алцӕй тыххӕй дӕр бузныг ут Хуыцауӕй. Сымахмӕ, Йесо Чырыстийыл ӕууӕндджытӕм, Хуыцау уыдӕттӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы.
Сымах тыххӕй, ӕфсымӕртӕ, мах хъуамӕ иудадзыг арфӕ кӕнӕм Хуыцауӕн, уымӕн ӕмӕ рӕзы уӕ уырнындзинад ӕмӕ уе ’хсӕн фидардӕр кӕны уарзондзинад.
Мах та сымах тыххӕй, Бардарӕг кӕй бауарзта, нӕ уыцы ӕфсымӕртӕ, хъуамӕ иудадзыг арфӕ кӕнӕм Хуыцауӕн — Уый дуне сфӕлдисыны размӕ сымах сӕвзӕрста, цӕмӕй фервӕзат, Йӕ Уд уӕ кӕй ссыгъдӕг кодта ӕмӕ ӕцӕгадыл кӕй баууӕндыдыстут, уый фӕрцы.
Цӕй уӕдӕ Йесойы фӕрцы иудадзыг ӕппӕлӕм Хуыцауӕй — уадз ӕмӕ Йын уый уа нӕ нывонд, ӕмӕ афтӕмӕй кадджын кӕнӕм Йӕ ном.
Ӕмӕ сымах дӕр цардӕгас дуртау уӕхи раттут Хуыцауӕн, уӕхицӕй лӕггады хӕдзар самайынӕн; уыдзыстут дзы сыгъдӕг кусджытӕ ӕмӕ Йын Йесо Чырыстийы фӕрцы хӕсдзыстут фӕндиаг нывӕндтӕ — лӕггад Ын кӕндзыстут Сыгъдӕг Удӕй разӕнгардӕй.
Чи амоны, уый амонӕд Хуыцауы ныхас; чи лӕггад кӕны, уый лӕггад кӕнӕд, Хуыцау ын цы хъару дӕтты, уымӕй — уӕ алы хъуыддагӕй дӕр Йесо Чырыстийы фӕрцы Хуыцау куыд скадджын уа, афтӕ. Кад ӕмӕ Йын паддзахад уӕд мыггагӕй-мыггагмӕ! Аммен.