10 Архайут, Хуыцауӕн фӕндон цы у, уый базоныныл,
Раст ӕмӕ рӕстаг хъуыддӕгтӕ Дунедарӕгӕн нывӕндтӕй ӕхсызгондӕр сты.
Ау, ӕмӕ Ӕз цы комдарӕн равзӕрстон, уый ахӕм у, адӕймаг йӕхи сӕрныллӕг куы фӕкӕны, уӕд? Хъамылау сӕркъулӕй цӕуын, сӕхъисыл кӕнӕ фӕнычы хуыссын — гъе уый хонут комдарӕн, Дунедарӕгӕн ӕхцон чи у, ахӕм бон?
Савайӕ Мын ласынц буд, дард бӕстӕй — хӕрздӕфгӕнаг хъӕз. Цӕмӕн Мӕ хъӕуынц уыдӕттӕ? Уӕ иууылсудзинӕгтӕ Мын ӕхсызгон не сты, хъыг Мын сты уӕ нывӕндтӕ».
Йӕ ахӕм цардӕй Чырыстийӕн чи лӕггад кӕны, уый ӕлхӕны Хуыцауы зӕрдӕ, ӕмӕ дзы адӕм дӕр сты райгонд.
цӕмӕй уӕ бон уа, хуыздӕр цы у, уый раиртасын. Уӕд Чырыстийы ӕрцыды бон уыдзыстут сыгъдӕг ӕмӕ ӕнӕфау,
Ӕз райстон, ӕмӕ мӕм ис, цас мӕ хъӕуы, уымӕй фылдӕр. Цы мын рарвыстат, уый райстон Эпафродитӕй, ӕмӕ мӕм фаг ис. Уӕ хуын у хӕрздӕф нывондау, Хуыцауӕн фӕндиаг ӕмӕ ӕхсызгон.
Мах кувӕм, цӕмӕй уӕ цардӕй кад кӕнат Бардарӕгӕн ӕмӕ алцы дӕр, Уымӕн ӕхцон куыд уа, афтӕ кӕныныл архайат, уӕ алы хорз хъуыддаг дӕр пайда куыд хӕсса ӕмӕ Хуыцауы фылдӕрӕй-фылдӕр куыд зонат,
Раиртасут алцыдӕр ӕмӕ хӕцут, хуыздӕр цы у, ууыл.
Афтӕ кувын хорз ӕмӕ фӕндон у нӕ Ирвӕзынгӕнӕг Хуыцауӕн —
Фӕлӕ кӕд идӕдзӕн ис сывӕллӕттӕ кӕнӕ цоты цот, уӕд уыдон фыццаг сахуыр уӕнт хи хӕдзары сӕ уырнындзинад хъуыддагӕй ӕвдисыныл ӕмӕ ныййарджытӕн сӕ хорз хорзӕй фидыныл — уый Хуыцауӕн фӕндон у.
Уӕдӕ, ӕнӕфӕцудгӕ Паддзахадмӕ цӕугӕйӕ, хъуамӕ уӕм бузныг, ӕмӕ Йын ӕхцон куыд уа, афтӕ хъуамӕ кусӕм Хуыцауӕн, аргъ Ын кӕнгӕйӕ ӕмӕ Дзы тӕрсгӕйӕ.
Уе ’взӕр хъуыддӕгты тыххӕй ӕфхӕрд куы ӕййафат ӕмӕ куы быхсат, уӕд дзы раппӕлинагӕй цы ис? Фӕлӕ кӕд хорз хъуыддӕгтӕ аразут, афтӕмӕй хъизӕмар ӕвзарут ӕмӕ стут фӕразон, уӕд уый Хуыцауӕн фӕндон у —
Ӕмӕ сымах дӕр цардӕгас дуртау уӕхи раттут Хуыцауӕн, уӕхицӕй лӕггады хӕдзар самайынӕн; уыдзыстут дзы сыгъдӕг кусджытӕ ӕмӕ Йын Йесо Чырыстийы фӕрцы хӕсдзыстут фӕндиаг нывӕндтӕ — лӕггад Ын кӕндзыстут Сыгъдӕг Удӕй разӕнгардӕй.
стӕй йӕ кард Давиды астӕуыл ӕрбаста. Давид афӕлвӕрдта арацу-бацу кӕнын, фӕлӕ ахӕм хотыхтыл ахуыр нӕ уыд ӕмӕ Саулӕн загъта: «Адонимӕ цӕуын мӕ бон нӕу, ахуыр сыл нӕ дӕн». Ӕмӕ сӕ раласта,