Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Эфесӕгтӕм 4:31 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

31 Мӕстыгӕр ӕмӕ знӕт уӕвын, хъӕр-хъӕлӕба, фыдгой ӕмӕ алы ӕндӕр фыдӕх — ӕппӕт уыдӕттӕ ныууадзут.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Эфесӕгтӕм 4:31
62 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Исав фӕфыдӕх ис Йаковмӕ, йӕ фыд ын кӕй раарфӕ кодта, уый тыххӕй ӕмӕ йӕхинымӕр загъта: «Мӕ фыдыл кӕуӕн бонтӕ ӕрӕввахс сты, ӕмӕ уӕд амардзынӕн ме ’фсымӕр Йаковы».


Фӕлӕ Рувим уый куы фехъуыста, уӕд ӕм нӕ бауагъта къух сисын. Загъта сын: «Нӕ йӕ хъӕуы марын».


Ӕфсымӕртӕ уыдтой, сӕ фыд йӕ цотӕй уымӕй фылдӕр кӕй никӕй уарзы, уый, ӕмӕ сын Йосеф ӕнӕуынон фестади, рӕстмӕ йӕм дзургӕ дӕр нал кодтой.


Каин йе ’фсымӕр Авелмӕ фӕдзырдта. Быдыры куы уыдысты, уӕд Каин йе ’фсымӕр Авелмӕ йӕ кух систа ӕмӕ йӕ амардта.


Авессалом та Амнонӕн хорзӕй дӕр ӕмӕ ӕвзӕрӕй дӕр ницы загъта, уымӕн ӕмӕ йын ӕнӕуынон сси, йӕ хо Тамары йын кӕй фӕхудинаг кодта, уый тыххӕй.


Фӕлӕ мӕныл, дӕ цагъарыл, мӕ фӕсдзӕуин дӕ разы, мӕ бардарӕджы, паддзахы раз хахуыртӕ фӕкодта. Мӕ хицау, мӕ паддзах! Ды Хуыцауы зӕдау дӕ ӕмӕ, куыд хуыздӕр дӕм кӕсы, афтӕ бакӕн.


Израилӕгтӕ дӕр загътой иудейӕгтӕн: «Махмӕ сымахӕй дӕс хатты фылдӕр бартӕ куы ис, цӕмӕй Давид мах паддзах уа; ноджы ма уӕ хистӕр ӕфсымӕртӕ дӕр куы стӕм, уӕд нӕ цӕмӕн бафхӕрдтат? Нӕ паддзахы фӕстӕмӕ раздахыны охыл дӕр фыццаг ныхас махӕй нӕ рацыди, ӕви?» Фӕлӕ дзыхӕй уӕддӕр иудейӕгтыл нӕ тых кодтой израилӕгтӕ.


Мӕ зӕрдӕ — цӕф, бахус ис кӕрдӕгау, хӕрды мӕт дӕр мӕ ферох ис.


Зӕххыл Дын чи ис, Дӕ уыцы диссаджы сыгъдӕджытӕм, ӕз тырнын зӕрдиагӕй.


Мӕ фӕрстӕ низӕй судзынц, ӕгас бынат нал ис мӕ буары.


Дӕ хорзӕхтӕй схайджын кӕн Сионы, Йерусалимы систӕ самай!


Ды адӕймагӕн хъусыс йӕ куывд, Дӕу агуры алчи.


Ӕнӕуынондзинад хъаугъа расайы, уарзондзинад алы тӕригъӕд дӕр бары.


Мӕнг ӕвзаг ӕнӕуынондзинад ӕмбӕхсы; ӕдылы хахуыртӕ дыууӕрдӕм хӕссы.


Мӕстыгӕр ӕдылы митӕ бирӕ кӕны; мӕнгард лӕг адӕмӕн — ӕнӕуынон.


[Зивӕггӕнаг тӕрсгӕ-ризгӕйӕ цӕры, буц ахуыр сыдӕй мӕлдзӕни.]


Паддзахы маст — домбайы рыхын, йӕ хорзӕх та, цыма кӕрдӕгыл ӕртӕх ӕрызгъӕлы, уыйау.


Цӕгатаг дымгӕ йемӕ ’рбахӕссы къӕвда, мӕнгдзурӕджы ’взаг та — мӕсты цӕсгӕмттӕ.


Ӕнӕ сугӕй арт ахуыссы, ӕнӕ дам-думтӕй хъаугъа банцайы.


Мӕстыгӕр загъд къахы, загъдӕргом йӕ тӕригъӕдтӕ сбирӕ кӕны.


Куырыхон ӕдылыимӕ быцӕу куы фӕкӕны, уӕд хъӕр ӕмӕ хынджылӕгӕй уӕлдай ницы фӕхъусы, пайда та дзы ницы вӕййы.


мӕнгдзинадӕй чи улӕфы, уыцы мӕнгӕвдисӕн ӕмӕ дыууӕ ’фсымӕры кӕрӕдзиуыл ардауӕг.


Мӕстыгӕр ма у, йӕ маст ӕдзух йӕ зӕрдӕйы ӕдылы хӕссы.


Уыдон иууылдӕр хивӕнд ӕмӕ ӕнӕсӕттон сты, кӕрӕдзиуыл цъыфкалӕн кӕнынц ӕмӕ уый фӕрцы цӕрынц. Ӕрхуы ӕмӕ ’фсӕйнагӕй уӕлдай не сты, иууылдӕр схъахбай сты.


Алчи йӕ хӕларӕй дӕр хъахъхъӕнӕд йӕхи, ӕфсымӕрыл дӕр ма ӕууӕндут. Алы ӕфсымӕр дӕр — фӕлитой, алы хӕлар дӕр — цъыфкалӕг.


Сахар ӕгасӕй дӕр базмӕлыд, ӕрӕмбырд бирӕ адӕм. Ӕрцахстой Павелы, лӕгдыхӕй йӕ ракодтой Кувӕндонӕй ӕмӕ уайтагъд сӕхгӕдтой дуӕрттӕ.


Сӕ былалгъыл — ӕрмӕстдӕр ӕлгъыст ӕмӕ маст ныхас.


Ӕфсымӕртӕ, зондӕй сывӕллӕттӕ ма ут. Фыдбылыз саразынмӕ ут сабитӕ, зондӕй та — хъомылтӕ.


Уӕдӕ сыгъдӕгзӕрдӕйӕ бӕрӕг кӕнӕм Куадзӕн, зӕронд ӕнхъизӕнимӕ нӕ, хӕлддзинад ӕмӕ фыдӕхы ӕнхъизӕнимӕ нӕ, фӕлӕ ӕцӕгады донгонд дзултимӕ.


Тӕрсын, куы уӕм ӕрцӕуон, уӕд куы бамбарӕм, нӕдӕр ӕз, нӕдӕр сымах кӕй не стӕм, кӕрӕдзийы нӕ цавӕрӕй фенын фӕндыд, ахӕмтӕ; куы уӕм ӕрӕййафон хъаугъатӕ, хӕлӕг, маст, кӕрӕфдзинад, хахуыртӕ, фыдгой, схъӕлдзинад ӕмӕ змӕстытӕ…


мӕнгхуыцӕуттӕн кувын, кӕлӕнтӕ, фыдӕх, хъаугъатӕ, мӕсты кӕнын, хи уӕлдӕр ӕвӕрын, кӕрӕдзийы не ’мбарын, къордтыл дихтӕ кӕнын,


Сымах ахуыр кодтой уӕ раздӕры царды уаг ныууадзыныл, уӕ чъизи монцтӕ уӕ куы сайдтой ӕмӕ уӕ раууатмӕ куы тардтой, раздӕры уыцы цардӕй аздӕхыныл,


Уӕдӕ мӕнг ныхӕстӕ мауал кӕнут — алчидӕр йӕ хионӕн дзурӕд, ӕцӕг цы у, уый, уымӕн ӕмӕ мах стӕм иу буары уӕнгтӕ.


«Уӕ масты фӕдыл ма цӕут ӕмӕ уӕхимӕ тӕригъӕд ма исут»: дӕ мастӕй фервӕз, цалынмӕ хур нӕ аныгуылд, уӕдмӕ;


Лӕгтӕ, уарзут уӕ устыты ӕмӕ сӕм тызмӕг ма ут.


Ныр ныууадзут ӕппӕт уыдӕттӕ: мӕсты, фыдӕх, фыдгой, ӕнӕуаг ныхӕстӕ.


Афтӕ сӕ устытӕ дӕр: хъуамӕ уой кады аккаг, ма уой хахуыргӕнджытӕ, уой уӕззау зонды хицау ӕмӕ ӕууӕнкджын алы хъуыддаджы дӕр.


ма уа расыггӕнаг, хылмондаг, загъдгӕнаг, ӕхцауарзаг, фӕлӕ уа ӕвӕлмас,


Уыимӕ ма фӕцалх вӕййынц ӕвдӕлон цардыл ӕмӕ хӕдзари-хӕдзар зилыныл; свӕййынц канд ӕвдӕлон нӕ, фӕлӕ дзӕгъӕлдзых, сӕхи тъыссынц кӕйдӕр хъуыддӕгты, фӕдзурынц, цы не ’мбӕлы, уыдӕттӕ.


Ӕдзӕлгъӕд ӕмӕ ӕнӕфенд быцӕутӕй дӕхи хиз, — уыдон хъаугъатӕ кӕй расайынц, уый дын зындгонд у.


Уыдон уыдзысты дурзӕрдӕ, ӕнауӕрдон, хахуыргӕнӕг, ӕнӕхиуылхӕцгӕ, ӕгъатыр, хорзӕй цыдӕриддӕр ис, уымӕн знаг;


Хуыцауы хӕдзарӕн уынаффӕгӕнӕгӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ аргъуаны хистӕр хъуамӕ уа ӕнӕфау, ма уа къӕйных, мӕстыгӕр, расыггӕнаг, хылмондаг ӕмӕ кӕрӕф.


Зӕронд сылгоймӕгтӕн дӕр амон, сыгъдӕджытӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ цӕрын. Хъуамӕ ма уой хахуыргӕнджытӕ, карз нозтмӕ ӕмхиц, хорз цы у, ууыл ахуыр кӕной иннӕты,


Уӕ зӕрдыл бадарут, мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ: алчидӕр рӕвдз уӕд байхъусынмӕ, рагацау хъуыды кӕнӕд йӕ ныхасыл, мӕстыгӕр ма уӕд.


Фӕлӕ кӕд уӕ зӕрдӕ хӕлӕг ӕмӕ хи уарзынӕй ӕмыдзаг у, уӕд ма ӕппӕлут уӕхицӕй ӕмӕ ӕцӕгад ма ӕмбӕхсут уӕ гӕды ныхӕсты аууон.


Кӕрӕдзиуыл цъыф ма калут, ӕфсымӕртӕ. Йе ’фсымӕрыл цъыф чи калы кӕнӕ йе ’фсымӕрӕн чи тӕрхон кӕны, уый ӕгъдау фауы ӕмӕ йын тӕрхон хӕссы. Кӕд ӕгъдауӕн тӕрхон хӕссыс, уӕд ӕгъдау ӕххӕстгӕнӕг нӕ дӕ, фӕлӕ тӕрхонгӕнӕг.


Уӕдӕ ныууадзут алы хӕрам, хин, цӕстмӕми, хӕлӕг ӕмӕ фыдгой.


Каины хуызӕн ма ут. Уый хӕйрӕгӕй уыд ӕмӕ амардта йе ’фсымӕры. Ӕмӕ йӕ цӕмӕн амардта? Уымӕн ӕмӕ йӕхи хъуыддӕгтӕ хӕрам уыдысты, йе ’фсымӕры хъуыддӕгтӕ та — раст.


Йе ’фсымӕрӕй йе сӕфт чидӕриддӕр уыны, уый лӕгмар у. Сымах та зонут: лӕгмартӕй иуӕн дӕр мыггагмӕйы цард нӕй.


Уӕд ӕз фехъуыстон, уӕлӕрвты хъӕрӕй цы загъдӕуыд, уый: «Ныр нӕ Хуыцау ирвӕзындзинад ӕрхаста, ӕмӕ ралӕууыд Йӕ тыхы ӕмӕ паддзахиуӕгады, Йӕ Чырыстийы хицаудзинады рӕстӕг, уымӕн ӕмӕ раппӕрстӕуыд не ’фсымӕртыл цъыфкалӕджы, ӕхсӕвӕй-бонӕй сыл нӕ Хуыцауы раз цъыф чи калдта, уый.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ