26 «Уӕ масты фӕдыл ма цӕут ӕмӕ уӕхимӕ тӕригъӕд ма исут»: дӕ мастӕй фервӕз, цалынмӕ хур нӕ аныгуылд, уӕдмӕ;
Мӕ фӕрстӕ низӕй судзынц, ӕгас бынат нал ис мӕ буары.
Уый зонут, ӕмӕ Дунедарӕг фӕхъулон кӕны, ӕнувыд Ыл чи у, уыдоны. Ӕз Дунедарӕгмӕ куы скувын, уӕд мӕ Уый фехъусы!
Дӕ дӕлдӕртӕ мӕм ӕрбацӕудзысты, мӕ разы ӕрзоныг кӕндзысты ӕмӕ мын зӕгъдзысты, ацу ардыгӕй, сӕ сӕргъы кӕмӕн лӕууыс, уыцы адӕмимӕ. Ӕмӕ уӕд ацӕудзыстӕм мах ардыгӕй». Уыцы ныхӕсты фӕстӕ Моисей, мӕстӕй судзгӕ, рацыди фараоны галуанӕй.
Фӕразон адӕймаг — стыр зонды хицау, мӕстыгӕр та йе ’дылыдзинад равдисы.
Зондджын йӕ маст уромын зоны; искӕмӕн йӕ рӕдыд куы ныббары, уӕд йӕхицӕн кад кӕны.
Цӕгатаг дымгӕ йемӕ ’рбахӕссы къӕвда, мӕнгдзурӕджы ’взаг та — мӕсты цӕсгӕмттӕ.
Мӕстыгӕр ма у, йӕ маст ӕдзух йӕ зӕрдӕйы ӕдылы хӕссы.
«Аарон хъуамӕ йӕ сыджытыл бафта. Меривайы раз Мӕ коммӕ кӕй нӕ бакастыстут, уый тыххӕй Аарон, Ӕз израилӕгтӕн кӕй дӕттын, уыцы зӕхмӕ нӕ бацӕудзӕн.
Ӕз та уын зӕгъын: суанг йе ’фсымӕрмӕ йӕ зӕрдӕйы маст чи хӕссы, уый дӕр дзуапп дӕтдзӕни тӕрхоны раз; йе ’фсымӕрӕн, «ницӕйаг дӕ», зӕгъгӕ, чи зӕгъа, уый дзуапп дӕтдзӕни синедрионы раз; «ӕнӕзонд» ӕй чи рахона, уымӕ та ӕнхъӕлмӕ кӕсы зындоны арт.
Йесо уый куы федта, уӕд смӕсты ис ӕмӕ сын загъта: «Уадз ӕмӕ Мӕм сабитӕ цӕуой, ма сӕ хъыгдарут, уымӕн ӕмӕ уыцы сывӕллӕтты хуызӕн чи у, Хуыцауы Паддзахад уыдоны у.
Йесо сыл тызмӕгӕй Йӕ цӕст ахаста, дурзӕрдӕ кӕй сты, ууыл хъыггӕнгӕйӕ. Ӕмӕ загъта цӕнкуылӕн: «Дӕ къух-ма ӕрбадар». Уый йӕ къух бадардта, ӕмӕ йын адзӕбӕх ис.
Мӕгуырӕн-иу хурныгуылды размӕ йӕ мызд ратт, уымӕн ӕмӕ уымӕ у йе скаст, цӕмӕй йе ’рдиаг Дунедарӕгмӕ ма фехъуыса, ӕмӕ йӕ тӕригъӕд дӕ фӕдыл ӕфтыд ма фӕуа.
Уӕ зӕрдыл бадарут, мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ: алчидӕр рӕвдз уӕд байхъусынмӕ, рагацау хъуыды кӕнӕд йӕ ныхасыл, мӕстыгӕр ма уӕд.
Уымӕн ӕмӕ мӕсты адӕймаджы бон нӕу, Хуыцауӕн фӕндон цы у, уый саразын.
Ионатан, мӕстӕй судзгӕйӕ, фынгӕй фестади; мӕйноджы дыккаг бон йӕ дзыхмӕ комдзаг нал схаста, уымӕн ӕмӕ хъынцъым кодта Давидыл, стӕй, йӕ фыд ӕй кӕй бафхӕрдта, ууыл.