Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Эфесӕгтӕм 4:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

15 Фӕлӕ ӕнувыд уӕм ӕцӕгад ӕмӕ уарзтыл, алцӕмӕй дӕр суӕм Чырыстийы хуызӕн ӕмӕ баиу уӕм Йемӕ, Чырыстиимӕ, Буары Сӕримӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Эфесӕгтӕм 4:15
21 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Стаут Дунедарӕджы дыууадӕстӕноны зӕлтӕй, ӕрцӕгъдут Ын дӕстӕнонтыл.


Мӕнӕ уын, цы хъуамӕ кӕнат, уыдӕттӕ: уӕ кӕрӕдзийӕн дзурут рӕстдзинад; тӕрхондоны тырнут рӕстдзинад ӕмӕ сабырдзинадмӕ;


Сымахыл та, Мӕ номӕн кад чи кӕны, уыдоныл, скӕсдзӕни рӕстдзинады хур. Йӕ тынтӕ ӕвдадзы хос сты, ӕмӕ, фосдонӕй ӕддӕмӕ кӕй рауагътой, уыцы хӕрзхаст родтау гӕппытӕ кӕндзыстут.


Йесо Нафанаилы ӕрбацӕйцӕугӕ куы федта, уӕд загъта: «Мӕнӕ ӕцӕг израилаг, хиндзинад кӕмӕ нӕй, уый».


Уӕ уарзт уӕд ӕнӕхин, фыдӕх уын уӕд ӕнӕуынон, хорздзинад саразынмӕ тырнут.


Ноджы ма мӕ фӕнды, цӕмӕй сымах зонат: алы нӕлгоймагӕн дӕр йӕ хицау Чырысти у, сылгоймаджы хицау нӕлгоймаг у, Чырыстийы хицау та Хуыцау у.


Махӕн иумӕйагӕй ницы ис, сӕ худинаггагмӕ гӕсгӕ кӕй фембӕхсынц, ахӕм митимӕ, нӕ архайӕм хинӕй ӕмӕ Хуыцауы Дзырд зыгъуыммӕ нӕ кӕнӕм. Мах ӕргомӕй хъусын кӕнӕм ӕцӕгад, ӕмӕ нын Хуыцауы раз аргъгӕнӕг уӕд алы адӕймаг дӕр.


Ӕз афтӕ бардзырд дӕттыны хуызы нӕ зӕгъын, фӕлӕ, иннӕтӕ ӕнувыд кӕй сты, уымӕй фӕлварын уӕ уарзт — зӕрдиаг у ӕви нӕ.


Хуыцау ӕппӕт дӕр ӕрӕвӕрдта Чырыстийы къӕхты бын ӕмӕ Йӕ сӕвӕрдта тӕккӕ бӕрзонддӕр бынаты — Аргъуаны сӕргъы.


Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы Уый мах сӕвзӕрста дуне сфӕлдисыны размӕ, цӕмӕй Йӕ разы сыгъдӕг ӕмӕ ӕнаипп уӕм.


Ӕппӕт бӕстыхайӕн Уый у йӕ бындур, ӕмӕ афтӕмӕй рӕзы, Бардарӕджы рухс Кувӕндон куыд суа, афтӕ.


Уӕдӕ мӕнг ныхӕстӕ мауал кӕнут — алчидӕр йӕ хионӕн дзурӕд, ӕцӕг цы у, уый, уымӕн ӕмӕ мах стӕм иу буары уӕнгтӕ.


Уымӕн ӕмӕ нӕлгоймаг сылгоймаджы сӕрыхицау у, Чырысти Аргъуаны хицау куыд у, афтӕ. Чырысти у Йӕ буары — Аргъуаны — Ирвӕзынгӕнӕг дӕр.


Ӕцӕгадӕн йӕ коммӕ бакӕсыны руаджы сымах уӕ зӕрдӕтӕ ссыгъдӕг кодтат, цӕмӕй зӕрдиагӕй уарзат уе ’фсымӕрты. Уӕдӕ кӕрӕдзийы бауарзут зӕрдиагӕй.


Ноггуырд сабитау кӕддӕриддӕр уӕ зӕрдӕ агурӕд удӕн царддӕттӕг монон сыгъдӕг ӕхсыр — рӕзты хос уын куыд уа уӕ фервӕзынӕн, афтӕ.


Рӕзут нӕ Бардарӕг ӕмӕ Ирвӕзынгӕнӕг Йесо Чырыстийы хорзӕхӕй хайджынӕй, тырнут, ноджы хуыздӕр Ӕй куыд базонат, уымӕ. Кад Ын уӕд абон дӕр ӕмӕ мыггагмӕ дӕр! Аммен.


Мӕ хуртӕ, уӕдӕ кӕрӕдзийы дзыхӕй ма уарзӕм, фӕлӕ нын зӕрдиаг кӕй у, уый равдисӕм хъуыддагӕй.


Далилӕ йын загъта: «Уарзыс мӕ, зӕгъгӕ, мын дзурыс, афтӕмӕй мыл не ’ууӕндыс! Ӕртӕ хатты мӕ асайдтай, дӕ тыхы сусӕгдзинад цӕй мидӕг ис, уый та мын ныронг нӕ раргом кодтай!»


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ