8 Мӕнӕн, сыгъдӕджыты тӕккӕ ницӕйагдӕрӕн, рардӕуыди уыцы хорзӕх — муртаттӕгтӕм Чырыстийы ӕгӕрон хъӕздыгдзинады Фарны Уац фӕхӕццӕ кӕнын,
Паддзах Давид Дунедарӕджы цатырмӕ бацыд, ӕрзоныг кодта ӕмӕ загъта: «О Дунедарӕг Хуыцау! Чи дӕн ӕз ӕмӕ чи сты мӕ фыдӕлтӕ дӕр, цӕмӕй мӕ афтӕ бӕрзонд сисай?
Лӕггадгӕнӕг загъта: „Ме ’лдар, цы мын загътай, уый бакодтон, фӕлӕ ма дзы ноджыдӕр бынӕттӕ ис“.
Ӕмӕ Йӕ ӕгӕрон ӕххӕстдзинадӕй мах не ’ппӕт дӕр хорзӕх хорзӕхы фӕдыл райстам,
Апостолтӕ рацыдысты синедрионӕй ӕмӕ цин кодтой, Йесойы номы сӕраппонд ахӕм ӕфхӕрды аккаг кӕй разындысты, ууыл.
Фӕлӕ йын Бардарӕг загъта: «Ацу, Ӕз ӕй Мӕхицӕн кусӕгӕн сӕвзӕрстон, цӕмӕй Мӕ ном фехъусын кӕна муртаттӕгтӕн, паддзӕхтӕн ӕмӕ Израилы адӕмӕн.
Куыд ӕвидигӕ сты Хуыцауы хъӕздыгад, уӕлзонд ӕмӕ зонындзинӕдтӕ! Кӕй зонд аххӕсдзӕн Йӕ уынаффӕтыл, ӕмӕ Йын чи раиртасдзӕн Йӕ хъуыддӕгтӕ!
Ӕфсымӕртау кӕрӕдзийы зӕрдӕбынӕй уарзут; иу иннӕйы нымайӕд йӕхицӕй уӕлдӕрыл.
Ӕви Хуыцау хӕрзаудӕг, барон ӕмӕ бирӕбыхсаг кӕй у ӕмӕ дӕ Йе ’нӕкӕрон зӕрдӕхӕларӕй ӕрфӕсмон кӕнынмӕ кӕй хоны, уый не ’мбарыс?
Хуыцау уӕ баиу кодта Йесо Чырыстиимӕ — Уый махӕн фестад Хуыцауӕй лӕвӕрд зонд, Уый нӕ ссӕрибар, сраст ӕмӕ ссыгъдӕг кодта,
Уымӕн ӕмӕ ӕз апостолтӕн сӕ тӕккӕ къаддӕр дӕн ӕмӕ апостолы ном хӕссыны аккаг дӕр нӕ дӕн, Хуыцауы аргъуан кӕй ӕфхӕрдтон, уый тыххӕй.
Фӕлӕ, Сыгъдӕг Фыст куыд зӕгъы: «Цӕст нӕ федта, хъус нӕ фехъуыста, ӕмӕ йӕ фӕсонӕрхӕджы дӕр никӕмӕн уыд, чи Йӕ уарзы, уыдонӕн Хуыцау цы ӕрцӕттӕ кодта, уый».
мӕнӕн Йӕ Фырты раргом кӕнын, Йӕ Фарны Уац муртаттӕгтӕм цӕмӕй хӕссон, уӕд адӕмӕй никӕимӕ уынаффӕ кодтон.
Уымӕн ӕмӕ Петры уылты чи архайдта сунӕтгӕндты ӕхсӕн, уый мӕн уылты дӕр архайы муртаттӕгты ӕхсӕн.
цӕмӕй фидӕны ӕнусты равдиса, куыд ӕгӕрон сты Йӕ хорзӕх ӕмӕ, Йесо Чырыстийы руаджы махмӕ кӕй равдыста, Йӕ уыцы уарзт.
Уымӕ гӕсгӕ ӕз, Павел, сдӕн Йесо Чырыстийы ахӕст — сымах, муртаттӕгты, сӕраппонд.
Йӕ кады стырадӕй уын тых куыд ратта, Йӕ Уды руаджы уӕ удвидар куыд скӕна,
зонд кӕуыл не ’ххӕссы, Йӕ уыцы уарзт, ӕмӕ ӕххӕстӕй схайджын уат Хуыцауы ӕрдзыхъӕдӕй.
Сымах, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, фехъуыстат, Хуыцау мын мӕ бӕрны кӕй бакодта Йӕ хорзӕх уын раргом кӕнын.
Пайда кӕнӕ хи стауыны охыл мацы аразут. Иу уӕ иннӕйы йӕхицӕй уӕлдӕр ӕвӕрӕд.
Йе стыр хъӕздыгадӕй Хуыцау баххӕст кӕндзӕн уӕ алы хъуаг дӕр Йесо Чырыстийы фӕрцы.
Хуыцауы бафӕндыди уыцы сусӕгдзинадӕн йӕ кады хъӕздыгад ӕмӕ йе стырад адӕмтӕн раргом кӕнын. Уыцы сусӕгдзинад ис, Чырысти уӕ зӕрдӕты кӕй цӕры, уый мидӕг. Сымах Уый фӕрцы уӕ зӕрдӕ дарут, уӕ фидӕн намысджын кӕй уыдзӕнис, ууыл.
кӕд ӕз раздӕр фауӕг, сурӕг ӕмӕ ӕфхӕрӕг уыдтӕн, уӕддӕр. Фӕлӕ мын Хуыцау ныххатыр кодта, уымӕн ӕмӕ, цы ми кӕнын, уый не ’мбӕрстон — талынг ӕмӕ ӕнӕуырнӕг уыдтӕн.
Ацы ныхас ӕцӕг у ӕмӕ йыл ис ӕнӕгуырысхойӕ баууӕндӕн: Йесо Чырысти дунемӕ ӕрцыди тӕригъӕдджынты фервӕзын кӕнынмӕ, ӕмӕ уыдонӕн ӕз сӕ фыццаг дӕн.
Уымӕ гӕсгӕ Уый мӕн сӕвӕрдта Хуыцауы ныхас хъусынгӕнӕгӕй, апостолӕй ӕмӕ — ӕцӕг зӕгъын, нӕ сайын! — уырнындзинад ӕмӕ ӕцӕгад амонӕгӕй.
Уыцы Фарны Уацы фидиуӕг, апостол ӕмӕ ахуыргӕнӕг сдӕн ӕз Хуыцауы фӕндӕй!
Ӕз дын зӕгъын: арты чи ссыгъдӕг, ахӕм сыгъзӕрин балхӕн Мӕнӕй ӕмӕ схъӕздыг уай; ноджы ма балхӕн урс дарӕс, скӕн ӕй дӕ уӕлӕ ӕмӕ дӕ бӕгънӕг буары худинӕгтӕ мауал зыной. Цӕмӕй уынай, уый тыххӕй дӕр балхӕн хос Мӕнӕй ӕмӕ дзы дӕ цӕстытӕ байсӕрд.