Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Эфесӕгтӕм 3:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Чырыстиимӕ кӕй баиу стӕм ӕмӕ Йыл кӕй ӕууӕндӕм, уый фӕрцы нӕ бон у уӕндонӕй ӕмӕ ныфсджынӕй Хуыцауы раз ӕрлӕууын.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Эфесӕгтӕм 3:12
12 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Йесо йын загъта: «Ӕз дӕн фӕндаг, ӕцӕгад ӕмӕ цард. Мӕ Фыдмӕ ничи ӕрцӕудзӕн, Мӕ фӕрцы куы не ’рцӕуа, уӕд.


Ӕппӕт уырнджыты дӕр Хуыцау раст кӕны Йесо Чырыстийыл ӕууӕндыны фӕрцы, хъулон Ын сӕ никӕцы у.


Нӕ уырнындзинады фӕрцы нын Чырысти фӕндаг байгом кодта, хайджын кӕмӕй стӕм, уыцы хорзӕхмӕ. Ӕмӕ Хуыцауы кадӕй нӕ хай кӕй райсдзыстӕм, ууыл дарӕм нӕ зӕрдӕ, ӕмӕ нӕ цинӕн нал ис кӕрон.


Уый ӕнӕмӕнг афтӕ кӕй у, ууыл Хуыцауы раз фидарӕй ӕууӕндӕм Чырыстийы руаджы.


Уыйадыл мах, иудейӕгтӕ ӕмӕ муртаттӕгтӕ, иу Уды фӕрцы баиу стӕм ӕмӕ нӕ дыууӕтӕн дӕр Чырыстийы фӕрцы байгом ис фӕндаг Фыдмӕ.


Уӕдӕ уӕ зӕрдӕдарӕн ма ныууадзут ӕмӕ уый тыххӕй райсдзыстут стыр хӕрзиуӕг.


Чырысти та Фыртау ӕнувыд у. Ӕвӕрд ӕрцыди Хуыцауы хӕдзары сӕргъы, уыцы хӕдзар та мах стӕм, ныфсджын куы уӕм ӕмӕ, цы ныфсӕй ӕппӕлӕм, ууыл кӕронмӕ фидарӕй нӕ зӕрдӕ куы дарӕм, уӕд.


Уымӕн ӕмӕ Чырысти дӕр мах Хуыцаумӕ ӕрхоныны охыл уыцы хъизӕмар бавзӕрста — Йӕхӕдӕг ӕназым уыди, афтӕмӕй азымджынты сӕраппонд амарди уыдоны тӕригъӕдты тыххӕй. Йӕ буар Ын амардтой, фӕлӕ Йӕ Уд райгас кодта.


Уӕдӕ, мӕ хуртӕ, уӕд уын иудзинад Чырыстиимӕ, куы ’рцӕуа, уӕд ныфсджын куыд уӕм ӕмӕ Йӕ разы къӕмдзӕстыг куыд нӕ разынӕм, афтӕ.


Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, кӕд нын нӕ зӕрдӕ нӕ тӕрхон кӕны, уӕд ныфсджын стӕм Хуыцауы раз.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ