7 цӕмӕй фидӕны ӕнусты равдиса, куыд ӕгӕрон сты Йӕ хорзӕх ӕмӕ, Йесо Чырыстийы руаджы махмӕ кӕй равдыста, Йӕ уыцы уарзт.
Нырӕй фӕстӕмӕ нал уыдзынӕ, дзӕгъӕлӕй чи баззад ӕмӕ фыдгулы цӕстӕй кӕмӕ кастысты, йӕ иувӕрсты кӕмӕн цыдысты, ахӕм сахар. Ӕз дӕ скадджын кӕндзынӕн мыггагмӕ, цин дыл кӕндзысты фидӕны фӕлтӕртӕ.
Ӕви Хуыцау хӕрзаудӕг, барон ӕмӕ бирӕбыхсаг кӕй у ӕмӕ дӕ Йе ’нӕкӕрон зӕрдӕхӕларӕй ӕрфӕсмон кӕнынмӕ кӕй хоны, уый не ’мбарыс?
Чырысти не ссӕрибары аргъ бафыста Йӕ Тугӕй, ӕмӕ нын хатыргонд сты нӕ тӕригъӕдтӕ. Афтӕ ӕгӕрон у Йӕ хорзӕх,
Фӕлӕ хорзӕхӕй хъӕздыг Хуыцау мах афтӕ бирӕ бауарзта,
Уымӕн та Йесо Чырыстийы руаджы кад уӕд Аргъуаны фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ, мыггагӕй-мыггагмӕ! Аммен.
Уыцы сусӕгдзинад адӕмы раздӕры фӕлтӕртӕн ӕргом нӕ уыд, ныр та Сыгъдӕг Уды руаджы раргом Чырыстийы сыгъдӕг апостолтӕ ӕмӕ пехуымпартӕн.
Цӕмӕй сымах скадджын кӕнат нӕ Бардарӕг Йесойы ном ӕмӕ, нӕ Хуыцау ӕмӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы хорзӕхӕй, уӕхӕдӕг дӕр скадджын уат Йӕ кадӕй.
Фӕлӕ нӕ Ирвӕзынгӕнӕг Хуыцау хӕрзаудӕнгӕнӕг ӕмӕ адӕмуарзаг кӕй у, уый куы раргом,
Хуыцау сын раргом кодта, сӕ лӕггад сӕхи пайдайӕн нӕ, фӕлӕ уӕ сӕраппонд кӕй уыди. Ӕмӕ уыдон цы дзырдтой, уый уын ныр фехъусын кодта уӕларвӕй ӕрвыст Сыгъдӕг Уд — Цины Уац чи хӕссы, уыдоны уылты. Уыцы сусӕгдзинад арф банкъарынмӕ суанг зӕдтӕ дӕр тырнынц.