Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Эфесӕгтӕм 2:21 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

21 Ӕппӕт бӕстыхайӕн Уый у йӕ бындур, ӕмӕ афтӕмӕй рӕзы, Бардарӕджы рухс Кувӕндон куыд суа, афтӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Эфесӕгтӕм 2:21
12 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Кувӕндон арӕзт цыди цӕттӕкарст дуртӕй, ӕмӕ дзы уымӕ гӕсгӕ нӕдӕр дзӕбуджы, нӕдӕр сарты, нӕдӕр ӕндӕр исты ӕфсӕн кусӕнгарзы хъӕр хъуыст.


О Дунедарӕг, ссӕндынц Дын Дӕ адӕмы, ӕфхӕрынц сӕ,


Се ’ргом хуссарӕрдӕм кӕмӕн уыд, уыцы агъуыстыты дуӕртты халдих — сӕ дуӕрттӕ, сӕ бацӕуӕн дуар уыди, быруйы ӕмварс скӕсӕнӕрдӕм чи цыди, тӕккӕ уыцы фӕндаджы был.


Мах Хуыцауимӕ стӕм ӕмкусджытӕ, сымах та стут Хуыцауы хуым, Хуыцауы бӕстыхай.


Хуыцауы хӕдзарӕн мӕнгхуыцӕуттимӕ иумӕйагӕй цы ис? Мах та стӕм цардӕгас Хуыцауы хӕдзар, Хуыцау Йӕхӕдӕг куыд загъта, афтӕ: «Сӕ зӕрдӕты ӕрбынат кӕндзынӕн ӕмӕ цӕрдзынӕн семӕ; ӕмӕ уыдзынӕн сӕ Хуыцау, уыдон та уыдзысты Мӕ адӕм.


Уыдон Чырыстийыл, буары Сӕргълӕууӕгыл, фидар нӕ хӕцынц. Буарӕн ӕппӕт дӕр дӕтты Чырысти — буар кӕрӕдзиуыл ӕнгом хӕцы нуӕрттӕ ӕмӕ уӕнгбӕттӕнты фӕрцы ӕмӕ рӕзы Хуыцауӕн фӕндиагӕй.


Фӕлӕ куы афӕстиат уон, уӕд зон, Хуыцауы хӕдзары хи куыд дарын хъӕуы, уый. Уыцы хӕдзар цардӕгас Хуыцауы Аргъуан у — ӕцӕгадӕн йӕ цӕджындз ӕмӕ йе ’нӕфӕцудгӕ бындур.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ