Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Эфесӕгтӕм 2:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Раздӕр цы уыдыстут, уый уӕ зӕрдыл дарут. Уӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ муртаттӕгтӕ уыдыстут. Ӕнӕсунӕт адӕм уӕ хуыдтой, ӕрмӕстдӕр буарӕй сунӕтгонд чи уыди, уыдон.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Эфесӕгтӕм 2:11
29 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уым ӕрымысдзыстут уе ’ппӕт фӕндӕгтӕ ӕмӕ уе ’ппӕт митӕ, уӕхи-иу кӕмӕй фӕчъизи кодтат, уыдон ӕмӕ уе ’наккаг митыл ӕрхуддзыстут.


Уӕд уӕ зӕрдыл ӕрбалӕудзысты уӕ фыдвӕндӕгтӕ ӕмӕ уӕ фыдракӕндтӕ, ӕмӕ уӕхицӕн сӕнӕуынон уыдзыстут уӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ уе ’лгъаг миты аххосӕй.


Уыдон ын дзуапп радтой: „Ничи нӕ баххуырста“. Уый сын загъта: „Ацӕут сымах дӕр мӕ сӕндонмӕ [ӕмӕ уын цы ӕмбӕлы, уый райсдзыстут]“.


Кӕд къалиутӕй иуӕй-иутӕ асастысты, дӕу та, хъӕддаг оливӕ бӕлас, сӕ бынаты бафтыдӕуыд ӕмӕ сой цъирыс бӕласы уидагӕй,


Сунӕтгонд чи нӕу, уый Ӕгъдауы домӕнтӕ куы ӕххӕст кӕна, уӕд ӕнӕсунӕтӕй дӕр Хуыцауы цӕсты сунӕтгонд нӕ уыдзӕн, ӕви?


Уӕдӕ йӕ буарыл сунӕт кӕмӕн нӕй, афтӕмӕй Ӕгъдау чи ӕххӕст кӕны, уый рахӕсдзӕн тӕрхон дӕуӕн, Ӕгъдауы сӕрты ахизӕгӕн, кӕд дын фыст Ӕгъдау ис ӕмӕ сунӕтгонд дӕ, уӕддӕр.


Сымах зонут: муртаттӕгтӕ ма куы уыдыстут, уӕд уӕ цыма иставӕр тых сайдта, афтӕ куывтат ӕгомыг гуымирытӕн.


Сымахӕй дӕр иуӕй-иутӕ ахӕмтӕ уыдысты, фӕлӕ ӕхсад ӕрцыдыстут, ссыгъдӕг ӕмӕ сраст стут нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы хъаруйӕ ӕмӕ нӕ Хуыцауы Уды руаджы.


Мах муртаттӕгтӕй рацӕуӕг тӕригъӕдджынтӕ не стӕм — иудейаг туг нӕм ис.


Ӕддаг бакастӕй цы зыны, уыдӕтты фӕрцы йӕхи равдисыныл чи архайы, уыдон уӕ сунӕтыл ӕрмӕст уый тыххӕй ардауынц, цӕмӕй Чырыстийы дзуары тыххӕй ӕфхӕрд ма баййафой.


Уыцы тӕригъӕдты аххосӕй цардыстут ацы дунейы уагыл, уӕлдӕфы ӕлдариуӕг чи кӕны ӕмӕ, Хуыцауы ныхмӕлӕуджыты фӕрцы ныр цы мон архайы, уымӕн коммӕгӕсӕй.


Сымах кӕддӕр талынджы уыдыстут, ныр та Бардарӕгимӕ рухсы стут. Уӕдӕ цӕрут рухсы хъӕбултау,


Рох дӕ ма уӕд, ды дӕр Мысыры цагъар кӕй уыдтӕ ӕмӕ дӕ Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, уацарӕй кӕй фервӕзын кодта, уый. Абон дын уыдӕттӕ дӕр уымӕн фӕдзӕхсын.


Дӕхӕдӕг дӕр Мысыры цагъар кӕй уыдтӕ, уый дӕ рох ма уӕд, ӕмӕ бӕстон ӕххӕст кӕн ацы ӕгъдау.


Дӕ зӕрдыл дар, ды цагъар кӕй уыдтӕ Мысыры, ӕмӕ дыл Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, Йӕ арм кӕй дардта ӕмӕ дӕ Йӕ хъомысджын къухы фӕрцы уырдыгӕй кӕй ракодта. Уый тыххӕй дын бафӕдзӕхста Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, сабат нымайын.


Ӕртасын уӕ кӕныны ӕмӕ, Йӕ фӕдзӕхстытӕн уӕ зӕрдӕйы цы бынат ис, уый базоныны охыл уӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, дыууиссӕдз азы дӕргъы ӕдзӕрӕг быдыры цы фӕндагыл фӕкодта, уый уӕ рох ма уӕд.


Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, ӕдзӕрӕг быдыры куыд мӕсты кодтат, уый уӕ рох ма уӕд. Мысырӕй куы рацыдыстут, уӕдӕй абонмӕ, цалынмӕ ардӕм не ’рбацыдыстут, уӕдмӕ, Дунедарӕджы ныхмӕ лӕууыдыстут.


Мах стӕм ӕцӕг сунӕтгонд — кусӕм Хуыцауӕн, Сыгъдӕг Уд нӕ куыд аразы, афтӕ. Нӕ зӕрдӕ зӕххоныл нӕ дарӕм, фӕлӕ сӕрыстыр стӕм, Йесо Чырыстиимӕ кӕй стӕм, уымӕй.


Кӕддӕр сымах дӕр Хуыцауӕн уыдыстут ӕцӕгӕлӕттӕ ӕмӕ Йе знӕгтӕ, ӕмӕ уый ӕвдыстат уе ’взӕр хъуыддӕгтӕй.


Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы сымах ӕрцыдыстут сунӕтгонд. Уыцы сунӕт уын скодта адӕймаг нӕ, фӕлӕ Чырысти, ӕмӕ афтӕмӕй фервӕзтыстут тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕдӕй.


Сымах уӕ тӕригъӕдты ӕмӕ уӕ ӕнӕсунӕт ӕрдзыхъӕды аххосӕй уыдыстут мард, фӕлӕ уӕ Хуыцау райгас кодта Чырыстиимӕ. Хуыцау нын ныббарста не ’ппӕт тӕригъӕдтӕ дӕр,


Ныр муртаттаг уай, иудейаг уай, сунӕтгонд уай, ӕнӕсунӕтгонд уай, талынг адӕмтӕй уай, скиф уай, цагъар уай, сӕрибар уай — уӕлдай нал у. Ӕппӕт дӕр у Чырысти, алкӕй зӕрдӕйы дӕр Уый цӕры.


Давид йӕ цуры лӕуджыты бафарста: «Уыцы филистимаджы чи амара ӕмӕ Израилы фидистӕй чи бахиза, уымӕн цавӕр хорзы бацыдӕуыдзӕн? Чи у, чи, уыцы ӕнӕсунӕт филистимаг, цы фидистӕ кӕны удӕгас Хуыцауы ӕфсадӕн?»


Домбайы дӕр ӕмӕ-иу арсы дӕр амардта дӕ цагъар, ӕмӕ ацы ӕнӕсунӕт филистимаг дӕр ахӕрдзӕн уыдоны хал, уымӕн ӕмӕ фидис кӕны удӕгас Хуыцауы ӕфсадӕн».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ