22 Хуыцау ӕппӕт дӕр ӕрӕвӕрдта Чырыстийы къӕхты бын ӕмӕ Йӕ сӕвӕрдта тӕккӕ бӕрзонддӕр бынаты — Аргъуаны сӕргъы.
Мыггагмӕ кӕрӕдзийӕн знаг кӕнын дӕу ӕмӕ сылгоймаджы, дӕ байзӕддаг ӕмӕ йӕ байзӕддаджы. Уый дын цъӕл кӕндзӕни дӕ сӕр, ды та йын йӕ зӕвӕтыл хӕцдзынӕ».
Алелуйа! Стауын Дӕ, Дунедарӕг, ӕппӕт зӕрдӕйӕ рӕстудты ӕмбырды ӕмӕ дзыллӕйы ’хсӕн.
Рӕстгӕнӕг дыргъбӕласау дидинӕг калдзӕн, хӕрдмӕ фӕцӕудзӕни ливайнаг кедрау.
Зӕгъын дын: ды дӕ Петр, ӕмӕ ацы дурыл Ӕз сараздзынӕн Мӕ аргъуан, ӕмӕ йӕ зындоны тыхтӕ нӕ басӕтдзысты.
Уӕдӕ кӕсут уӕхимӕ ӕмӕ ӕппӕт дзугмӕ уӕ цӕст дарут. Уыцы дзугӕн уӕ Сыгъдӕг Уд йӕ сӕргъы сӕвӕрдта разамынд дӕттынӕн, цӕмӕй хизат Хуыцауы Аргъуан — Йӕ Фырты Тугӕй Йӕхицӕн кӕй балхӕдта, уый.
Ноджы ма мӕ фӕнды, цӕмӕй сымах зонат: алы нӕлгоймагӕн дӕр йӕ хицау Чырысти у, сылгоймаджы хицау нӕлгоймаг у, Чырыстийы хицау та Хуыцау у.
Уымӕн та Йесо Чырыстийы руаджы кад уӕд Аргъуаны фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ, мыггагӕй-мыггагмӕ! Аммен.
Уымӕн ӕмӕ нӕлгоймаг сылгоймаджы сӕрыхицау у, Чырысти Аргъуаны хицау куыд у, афтӕ. Чырысти у Йӕ буары — Аргъуаны — Ирвӕзынгӕнӕг дӕр.
Уый у Йӕ буары, Аргъуаны, Сӕргълӕууӕг. Уый у Сӕрӕвӕрӕн, мӕрдтӕй фыццаг Уый райгас, цӕмӕй ӕппӕт дӕр уа Йӕ дӕлбар.
Эпафрас нын радзырдта, Сыгъдӕг Уд уӕм цы уарзондзинад райхъал кодта, уый тыххӕй.
Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы сымах ӕххӕст стут ӕппӕтӕй дӕр. Уый лӕууы ӕппӕт хицӕуттӕ ӕмӕ барджынты сӕргъы.
Уыдон Чырыстийыл, буары Сӕргълӕууӕгыл, фидар нӕ хӕцынц. Буарӕн ӕппӕт дӕр дӕтты Чырысти — буар кӕрӕдзиуыл ӕнгом хӕцы нуӕрттӕ ӕмӕ уӕнгбӕттӕнты фӕрцы ӕмӕ рӕзы Хуыцауӕн фӕндиагӕй.
Фӕлӕ куы афӕстиат уон, уӕд зон, Хуыцауы хӕдзары хи куыд дарын хъӕуы, уый. Уыцы хӕдзар цардӕгас Хуыцауы Аргъуан у — ӕцӕгадӕн йӕ цӕджындз ӕмӕ йе ’нӕфӕцудгӕ бындур.
ӕппӕт дӕр ын йӕ къӕхты бын ӕрӕвӕрдтай». Ӕппӕт дӕр адӕймаджы дӕлбар куы бакодтай, уӕд ницы ныууагътай, йӕ бар цӕуыл нӕ цыди, ахӕмӕй. Ныртӕккӕ та нырма нӕма уынӕм, ӕппӕт дӕр йӕ дӕлбар кӕй у, уый.