19 куыд ӕгӕрон у Йӕ хъомысы стырад нӕ зӕрдӕты мидӕг махӕн — уырнджытӕн, Йӕ барджын тыхы архайды фӕрцы.
Махӕй цы фехъуыстой, ууыл чи баууӕндыд ӕмӕ кӕмӕн раргом ис Дунедарӕджы хъару?
Адӕймагӕй райгуыры адӕймаг, Удӕй та райгуыры уд.
цӕмӕй байгом уой сӕ цӕстытӕ ӕмӕ талынгӕй рацӕуой рухсмӕ, сайтаны къухтӕй — Хуыцаумӕ, Мӕныл ӕууӕндыны фӕрцы барст ӕрцӕуой сӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ сыгъдӕджытимӕ сӕ хай райсой“.
Фарны Уацы тыххӕй ӕз къӕмдзӕстыг нӕ дӕн. Уымӕн ӕмӕ уый алы уырнӕгӕн дӕр, фыццаджыдӕр уал иудейагӕн, уый фӕстӕ та муртаттагӕн, ирвӕзын ӕй чи кӕны, Хуыцауы уыцы тых у.
Фӕлӕ уыцы хӕзна мах хӕссӕм ӕлыгӕй конд мигӕнӕнты — нӕ буӕртты, цӕмӕй бӕлвырд уа: ахӕм ӕгӕрон тых нӕхицӕй нӕу, Хуыцау ӕй дӕтты.
Уӕдӕ Чырыстиимӕ чи ис, уый ног адӕймаг у — йӕ зӕронд цардӕн ӕрцыд кӕрон, райдыдта йӕ ног цард.
Мах Хуыцауы сконд стӕм, Йесо Чырыстийы фӕрцы нӕ сфӕлдыстӕуыд, Хуыцау нын рагацау кӕй снысан кодта, уыцы хорз хъуыддӕгтӕ аразынмӕ.
Цы курӕм кӕнӕ нӕ хъуыдыйы дӕр цы нӕй, уымӕй дзӕвгар фылдӕр саразын нӕ бон Кӕй хъаруйӕ у,
Хуыцауы хорзӕх мыл сӕмбӕлд, ӕмӕ Йӕ хъаруйы фӕрцы ӕз сдӕн Фарны Уацы лӕггадгӕнӕг.
Ӕппынфӕстаг, ме ’фсымӕртӕ, удвидар кӕнут Бардарӕгимӕ, Йӕ хъомыс ӕмӕ Йӕ хъаруйы фӕрцы.
уымӕн ӕмӕ Хуыцау Йӕхӕдӕг кусы уӕ зӕрдӕты — фӕндон Ын чи у, уӕ уыцы бӕллицтӕ ӕмӕ хъуыддӕгтӕ Уымӕй рацӕуынц.
Ӕппӕт басӕттын дӕр Йӕ бон кӕмӕй у, Йӕ уыцы хъаруйӕ Уый аивдзӕн нӕ лӕмӕгъ буар, скӕндзӕн ӕй Йӕ кадджын Буары халдих.
Чырыстийы хъомысджын тыхӕй ӕз уый сӕраппонд кусыныл мӕхи хъарын.
Аргъуыд исгӕйӕ, Чырыстиимӕ ӕрцыдыстут ныгӕд ӕмӕ, Йесойы мӕрдтӕй райгасгӕнӕг Хуыцауы тыхыл ӕууӕндгӕйӕ, райгас стут Йемӕ.
Уымӕн ӕмӕ уын нӕ Фарны Уац мах хъусын кодтам ӕрмӕст ныхасӕй нӕ, фӕлӕ Сыгъдӕг Уды хъаруйӕ ӕмӕ бирӕ зӕрдӕмӕхъаргӕ ӕвдисӕйнӕгтимӕ. Уӕхӕдӕг зонут, сымахмӕ куы уыдыстӕм, уӕд уӕ сӕраппонд нӕхи куыд дардтам, уый.
Ӕмӕ мах иудадзыг кувӕм сымах тыххӕй, цӕмӕй уӕ нӕ Хуыцау, цы цардмӕ уӕ ӕрхуыдта, уый аккаг скӕна, сӕххӕст уын кӕна уӕ хорз фӕндиӕгтӕ ӕмӕ, уырныдзинады бындурыл цы хъуыддӕгтӕ аразут, уыдон.
Йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ нын радта ног цард — ӕцӕгады ныхасы руаджы нӕ скодта Йӕ хъӕбултӕ. Кӕй сфӕлдыста, уыдонӕй мах хоры сӕрау рахицӕн кодта Йӕхицӕн.
Чи амоны, уый амонӕд Хуыцауы ныхас; чи лӕггад кӕны, уый лӕггад кӕнӕд, Хуыцау ын цы хъару дӕтты, уымӕй — уӕ алы хъуыддагӕй дӕр Йесо Чырыстийы фӕрцы Хуыцау куыд скадджын уа, афтӕ. Кад ӕмӕ Йын паддзахад уӕд мыггагӕй-мыггагмӕ! Аммен.