7 Уымӕн ӕмӕ, фыццаг фидыд куы ницы хъуаг уыдаид, уӕд дыккаджы сӕр нӕ бахъуыдаид.
Уӕдӕ Ӕгъдау Хуыцауы зӕрдӕвӕрды ныхмӕ у? Ницы хуызы! Уымӕн ӕмӕ, мыггагмӕйы цард чи дӕтты, ахӕм ӕгъдау куы ӕрцыдаид лӕвӕрд, уӕд адӕймаджы ӕцӕгдӕр уый раст кодтаид.
Канд сымахмӕ нӕ хауы ацы фидыд, ӕлгъыстытӕй фидаргонд чи у, уый:
Сауджынты — Левийы байзӕддӕгты — лӕггад адӕмӕн лӕвӕрд уыдис Ӕгъдауы бындурыл. Ӕмӕ алцыдӕр уыдоны фӕрцы куы сӕнаипп уыдаид, уӕд ма ӕндӕр сауджын цӕмӕн хъуыд, Аароны хуызӕн нӕ, фӕлӕ Мелхиседекы хуызӕн Алчер у, зӕгъгӕ, Кӕй тыххӕй загъд у, ахӕм?
Раздӕры фӕдзӕхст та аивдӕуы, ӕдых ӕмӕ ӕнӕпайда кӕй свӕййы, уымӕ гӕсгӕ.
Фӕлӕ Йесойӕн цы лӕггад уыди Йӕ бар, уый уыдоны лӕггадӕй уӕлдӕр у, уымӕн ӕмӕ Йесо хуыздӕр Фидыды Ӕхсӕнылӕг у — уыцы Фидыд хуыздӕр зӕрдӕвӕрды бындурыл ӕнцайы.