Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Дзуттӕгтӕм 4:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Уымӕ гӕсгӕ ныфсджынӕй балӕууӕм, хорзӕх кӕцӕй цӕуы, Хуыцауы уыцы бадӕны раз, цӕмӕй нын хатыр уа ӕмӕ бахъуаджы сахат ӕххуысы хорзӕх райсӕм.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Дзуттӕгтӕм 4:16
18 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Давид йӕ фырт Соломонӕн радта хахнывтӕ саразинаг Кувӕндонӕн, тыргътӕн, агъуыстытӕн, хӕзнадӕттӕн, уӕллаг ӕмӕ мидӕггаг уӕттӕн ӕмӕ, тӕригъӕдтӕ барст кӕм цӕуынц, уыцы бынатӕн;


Къалиутӕ куы бахус уой, уӕд сӕм ӕрбацӕудзысты сылгоймӕгтӕ, сугӕн сӕ ракӕндзысты ӕмӕ сӕ басудздзысты. Ацы муртаттаг адӕмтӕн сӕ сӕры зонд нӕма бацыд, ӕмӕ сын уый тыххӕй се Скӕнӕг нӕ батӕригъӕд кӕндзӕни, нӕ сын ныббардзӕни се Сфӕлдисӕг.


Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Де ’фсымӕр Ааронӕн бафӕдзӕхс, цӕмӕй алы рӕстӕджы ма хиза мидӕмбӕрзӕны уылты — Рухсмонуатмӕ, Фидыды Чырыны сӕры размӕ, науӕд амӕлдзӕн, уымӕн ӕмӕ-иу Ӕз Фидыды Чырыны сӕрмӕ фӕзындзынӕн ӕврагъы мидӕг.


Уыйадыл мах, иудейӕгтӕ ӕмӕ муртаттӕгтӕ, иу Уды фӕрцы баиу стӕм ӕмӕ нӕ дыууӕтӕн дӕр Чырыстийы фӕрцы байгом ис фӕндаг Фыдмӕ.


Чырыстиимӕ кӕй баиу стӕм ӕмӕ Йыл кӕй ӕууӕндӕм, уый фӕрцы нӕ бон у уӕндонӕй ӕмӕ ныфсджынӕй Хуыцауы раз ӕрлӕууын.


Уымӕ гӕсгӕ ныфсджынӕй зӕгъӕм: «Бардарӕг мын у ӕххуысгӕнӕг, ӕмӕ нӕ тӕрсын: цы мын ракӕндзӕн адӕймаг?»


Чырысти та Фыртау ӕнувыд у. Ӕвӕрд ӕрцыди Хуыцауы хӕдзары сӕргъы, уыцы хӕдзар та мах стӕм, ныфсджын куы уӕм ӕмӕ, цы ныфсӕй ӕппӕлӕм, ууыл кӕронмӕ фидарӕй нӕ зӕрдӕ куы дарӕм, уӕд.


Уымӕн ӕмӕ Ӕгъдау алцӕмӕй дӕр ӕнаипп ницы скодта. Ныр та лӕвӕрд ӕрцыди, Хуыцаумӕ кӕй фӕрцы хӕстӕгдӕр кӕнӕм, ахӕм хуыздӕр зӕрдӕдарӕн.


Ӕмӕ, Йӕ фӕрцы Хуыцаумӕ чи ӕрцӕуы, уыдоны бынтон фервӕзын кӕнын Йӕ бон у, уымӕн ӕмӕ мыггагмӕ ӕгас у, цӕмӕй Хуыцауӕй кура уыдоны тыххӕй.


Фидыды Чырыны сӕрмӕ та — херувимтӕ, Хуыцауы кад уым кӕй ис, уый ӕвдисынӕн; сӕ дӕлбазыр уыди тӕригъӕдтӕ ныббарыны бынат. Ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй ныр бӕлвырд дзурын нӕ хъӕуы.


«Кӕддӕр адӕм нӕ уыдыстут, ныр та — Хуыцауы адӕм. Кӕддӕр Ын Йӕ хорзӕх нӕ зыдтат, ныр та дзы хайджын стут».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ