Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Дзуттӕгтӕм 3:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 Уымӕн ӕмӕ мах Чырыстийӕн ӕмкусджытӕ стӕм, райдианы нӕм цы уырнындзинад уыди, ууыл фидарӕй кӕронмӕ куы хӕцӕм, уӕд.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Дзуттӕгтӕм 3:14
17 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Кӕд къалиутӕй иуӕй-иутӕ асастысты, дӕу та, хъӕддаг оливӕ бӕлас, сӕ бынаты бафтыдӕуыд ӕмӕ сой цъирыс бӕласы уидагӕй,


Дӕ зӕрдыл дар: Хуыцау фӕлмӕн дӕр у ӕмӕ карз дӕр у. Чи Йӕ ныууагъта, уыдонӕн карз у, дӕуӕн та — фӕлмӕн, Йӕ хорзӕхыл Ын куы хӕцай, уӕд. Науӕд дӕу дӕр акъуырдзӕн.


Хуыцау уӕ баиу кодта Йесо Чырыстиимӕ — Уый махӕн фестад Хуыцауӕй лӕвӕрд зонд, Уый нӕ ссӕрибар, сраст ӕмӕ ссыгъдӕг кодта,


Дзул иу кӕй у, уымӕ гӕсгӕ мах, бирӕ адӕм, иу буар стӕм, уымӕн ӕмӕ иу дзулӕй райсы алчидӕр йӕ хай.


Ӕппӕт уыдӕттӕ ӕз кӕнын Фарны Уацы сӕраппонд, цӕмӕй йын суон ӕмкусӕг.


Сусӕгдзинад уый мидӕг ис, ӕмӕ уыцы бынтӕ муртаттӕгты дӕр сты. Уыдон дӕр — иумӕйаг буары хӕйттӕ, ӕмӕ уыдонмӕ дӕр хауы, Йесо Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы Хуыцау Фарны Уацы зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый.


„Ацы адӕмӕй, ацы фыдзӕрдӕ фӕлтӕрӕй, Ӕз сӕ фыдӕлтӕн цы ӕвӕджиауы бӕстӕй зӕрдӕ бавӕрдтон, уый йӕ цӕстӕй дӕр ничи фендзӕн.


Уырнӕг хицӕуттӕ кӕмӕн ис, уыдон сӕм ницыйы цӕстӕй ма кӕсӕнт, се ’фсымӕртӕ кӕй сты, уый тыххӕй. Уый нӕ, фӕлӕ сын хъуамӕ кусой ноджы ӕнувыддӕрӕй, уымӕн ӕмӕ, кӕмӕн лӕггад кӕнынц, уыдон уырнджытӕ ӕмӕ уарзон ӕфсымӕртӕ сты. Ууыл ахуыр кӕнын ӕмӕ уыцы зондыл аразын ӕмбӕлы уырнджыты, гъе!


Уырнындзинад та у, ӕнхъӕлмӕ цӕмӕ кӕсӕм, уый кӕй сӕххӕст уыдзӕн ӕмӕ, цӕстӕй цы нӕ уынӕм, ууыл фидарӕй кӕй ӕууӕндӕм, уымӕн ӕвдисӕн.


Ныййарджытӕ нӕ цыбыр рӕстӕджы дӕргъы ӕфхӕрдтой, куыд сӕм хуыздӕр касти, афтӕ; Хуыцау та нӕ нӕхи пайдайӕн бафхӕры, цӕмӕй уӕм Йӕ сыгъдӕгдзинадӕй хайджын.


Уӕдӕ, Уӕларвӕй кӕмӕ фӕсидтысты, мӕ уыцы сыгъдӕг ӕфсымӕртӕ, уӕ зӕрдӕ саразут Хуыцауы Минӕвармӕ, нӕ уырнындзинады Алчер Йесомӕ.


Чырысти та Фыртау ӕнувыд у. Ӕвӕрд ӕрцыди Хуыцауы хӕдзары сӕргъы, уыцы хӕдзар та мах стӕм, ныфсджын куы уӕм ӕмӕ, цы ныфсӕй ӕппӕлӕм, ууыл кӕронмӕ фидарӕй нӕ зӕрдӕ куы дарӕм, уӕд.


Мах бӕллӕм, цӕмӕй уӕ алчидӕр кӕронмӕ баззайа ахӕм ӕнувыдӕй ӕмӕ ӕххӕстӕй райса, йӕ зӕрдӕ цӕуыл дары, уый.


Уымӕн ӕмӕ, иу хатт рухс кӕй зӕрдӕйы ссыгъдӕуыд, уӕларвон хорзӕхы ад чи базыдта ӕмӕ Сыгъдӕг Удӕй чи схайджын,


Фӕлӕ цин кӕнут, Чырыстийы тухӕнтӕй хайджын кӕй стут, ууыл ӕмӕ хъӕлдзӕг ӕмӕ зӕрдӕрухс уыдзыстут, Йӕ кад куы раргом уа, уӕд.


Фыссын уӕ аргъуаны хистӕртӕм. Ӕз дӕр дӕн аргъуаны хистӕр, Чырыстийы хъизӕмӕрттӕн ӕвдисӕн ӕмӕ, цы кад хъуамӕ раргом уа, уымӕй чи схайджын уыдзӕн, уыдонӕй иу. Курын уӕ:


Мах цы федтам ӕмӕ фехъуыстам, уый уын хъусын кӕнӕм, сымахӕн немӕ иудзинад куыд уа, афтӕ. Махӕн та иудзинад Фыдимӕ ӕмӕ Йӕ Фырт Йесо Чырыстиимӕ ис.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ