Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Дзуттӕгтӕм 3:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Уымӕн смӕсты дӕн Ӕз уыцы фӕлтӕрмӕ ӕмӕ загътон: „Сӕ зӕрдӕтӕ ӕдзух адзӕгъӕл вӕййынц, нӕ базыдтой Мӕ фӕндӕгтӕ“.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Дзуттӕгтӕм 3:10
20 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

ӕмӕ ӕрфӕсмон кодта, кӕй йӕ сфӕлдыста, ууыл. Ныккӕрзыдта Йӕ зӕрдӕ,


Растӕд Хуыцау, Йӕ фыдгулты ныххӕлиу кӕнӕд, Йе сӕфт Дзы чи уыны, уыдон лидзӕг фӕуӕнт Йӕ цурӕй.


Нӕ фыдӕлты тӕригъӕдтӕ махӕн фидинаг ма фӕкӕн, Дӕ хорзӕх ныл ӕвӕстиатӕй ӕруадз, науӕд байсысти нӕ хъару.


Фехъусын кӕнут адӕмтӕн: «Дунедарӕг паддзахиуӕг кӕны!» Дун-дуне Уый фӕрцы у фидар, нӕ фенкъуысдзӕн; Дунедарӕг адӕмтӕн раст тӕрхон кӕндзӕн.


Сауджынтӕ ӕмӕ пехуымпартӕ ныррасыг сты сӕнӕй ӕмӕ цудтытӕ кӕнынц; карз нозт бануазынц ӕмӕ сӕ развӕндаг дӕр нал фӕуынынц; сӕ зонд фӕцыди карз нозтӕй, сӕ цӕстылуайӕнтӕ раст не сты, уынаффӕ хӕсгӕйӕ, рӕдийынц.


Фӕлӕ мах Йӕ ныхмӕ рацыдыстӕм, Йӕ Сыгъдӕг Уды хъыджы бацыдыстӕм, ӕмӕ нӕм уӕд Уый дӕр сызнаг ис ӕмӕ райдыдта нӕ ныхмӕ хӕцын.


«Ӕнӕзонд сты Мӕ адӕм — нӕ Мӕ зонынц; ӕдылы сабитау сӕ сӕры зонд нӕй. Фыдбылыз саразынмӕ — зондджын, хӕрзиуӕг ракӕнынмӕ та нӕ арӕхсынц».


Мӕ адӕм сӕ бӕласы фӕрсынц, ӕмӕ сын уый дзуапп ратты. Сӕ хъахбайдзинад сын сӕ фӕндаг ныссуйтӕ кодта ӕмӕ, ӕнӕуаг митӕ кӕнгӕйӕ, сӕ Хуыцауӕй адард сты.


Иннӕ дӕс ахуыргӕнинаджы уый куы фехъуыстой, уӕд смӕсты сты дыууӕ ӕфсымӕрмӕ.


Йесо сыл тызмӕгӕй Йӕ цӕст ахаста, дурзӕрдӕ кӕй сты, ууыл хъыггӕнгӕйӕ. Ӕмӕ загъта цӕнкуылӕн: «Дӕ къух-ма ӕрбадар». Уый йӕ къух бадардта, ӕмӕ йын адзӕбӕх ис.


Мӕныл та не ’ууӕндут, ӕцӕг цы у, уый уын кӕй зӕгъын, уый тыххӕй.


Хуыцауы базонын сӕ кӕй нӕ бафӕндыд, уымӕ гӕсгӕ сӕ Хуыцау сӕ галиу зонды ӕвджид ныууагъта, ӕмӕ, цы не ’мбӕлы, уый кӕнынц.


Кӕд ӕмӕ, ӕз иузӕрдион кӕй нӕ дӕн, уый Хуыцауы иузӕрдиондзинад тынгдӕр ӕргом кӕны ӕмӕ Хуыцауы кадыл ӕфтауы, уӕд ма мын тӕригъӕдджынау тӕрхон кӕнын цӕмӕн хъӕуы?


Сыгъдӕг Уды хъыджы ма цӕут, уымӕн ӕмӕ уыл Ирвӕзындзинады бонмӕ сӕвӕрдӕуыд Йӕ мыхуыр.


Уӕдӕ кӕсут уӕхимӕ, ӕфсымӕртӕ, ахӕм ӕвзӕр ӕмӕ ӕнӕууӕнк зӕрдӕ уӕ макӕмӕн разынӕд, ӕмӕ Цардӕгас Хуыцауы ныууадза.


Ӕмӕ ныууагътой ӕцӕгӕлон хуыцӕутты, раздӕрау лӕггад кодтой Дунедарӕгӕн. Дунедарӕджы бон нал уыд Израилы хъизӕмӕрттӕм кӕсын.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ