7 Ды йӕ зӕдтӕй бирӕ дӕлдӕр нӕ сӕвӕрдтай, кад ӕмӕ йын цыт радтай,
уӕд фӕзӕгъын: «Цы у адӕймаг, ӕмӕ Дӕ зӕрдыл лӕууа, цы у адӕймаджы фырт, ӕмӕ йыл Ды мӕт кӕнай?»
Ды йӕ зӕдтӕй бирӕ дӕлдӕр нӕ сӕвӕрдтай, кад ӕмӕ йын цыт радтай.
Хорздзинад чи кӕны, уыдонӕй та алкӕмӕ дӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсынц кад, намыс ӕмӕ фарн: раздӕр — иудейагмӕ, стӕй та — муртаттагмӕ.
иудадзыг хорз хъуыддӕгтӕ чи аразы ӕмӕ афтӕмӕй намыс, кад ӕмӕ ӕнӕмӕлӕтмӕ чи тырны, уыдонӕн — мыггагмӕйы цард;
Ӕнусон Паддзахӕн — цӕстӕй кӕй нӕ уынӕм, уыцы ӕнӕмӕлгӕ иунӕг Хуыцауӕн — кад ӕмӕ намыс уӕд ӕнусӕй-ӕнустӕм! Аммен.
Фӕлӕ уынӕм, ӕрмӕст цыбыр рӕстӕгмӕ зӕдтӕй дӕлдӕр ӕвӕрд кӕй ӕрцыди Йесо, уый фӕстӕ та кад ӕмӕ намысӕй схайджын ис. Хуыцау мах Йе стыр хорзӕхы аккаг кӕй скодта, уымӕ гӕсгӕ Уый махӕй алкӕй сӕраппонд дӕр мӕлӕт бавзӕрста.