18 Ӕмӕ, Йӕхӕдӕг фыдӕвзарӕнты кӕй бахауд, уымӕ гӕсгӕ Йӕ бон у, фӕлварӕнты чи бахауы, уыдонӕн баххуыс кӕнын.
Сымах Мӕ фӕлварӕнты Мемӕ уыдыстут.
Ӕз ӕрвылбон Кувӕндоны уемӕ уыдтӕн, ӕмӕ Мыл уӕ къух дӕр нӕ андзӕвыди. Фӕлӕ ныр уӕ рӕстӕг у — талынг хицауиуӕг кӕны».
Уыдон Мын Мӕ Фыд радта, Мӕ Фыдӕй уӕлдӕр та нӕй. Ӕмӕ сӕ Мӕ Фыды къухӕй аскъӕфын никӕй бон у.
Сымах бахаудтат, адӕймаг кӕм бахауы, ахӕм хуымӕтӕг фӕлварӕны. Хуыцау иузӕрдион у ӕмӕ, кӕмӕн нӕ бафӕразат, ахӕм фӕлварӕн уыл не ’руадздзӕн. Уый нӕ, фӕлӕ ма уын алы фӕлварӕны ӕххуыс дӕр бакӕндзӕн, фӕндаг дӕр уын бацамондзӕн ӕмӕ уын хъару дӕр ратдзӕн.
Ӕппӕт басӕттын дӕр Йӕ бон кӕмӕй у, Йӕ уыцы хъаруйӕ Уый аивдзӕн нӕ лӕмӕгъ буар, скӕндзӕн ӕй Йӕ кадджын Буары халдих.
Ӕмӕ ацы тухӕнтӕ дӕр уый тыххӕй ӕвзарын, фӕлӕ сӕ худинагыл нӕ нымайын. Уымӕн ӕмӕ, Кӕуыл баууӕндыдтӕн, уый зонын ӕмӕ фидарӕй ӕууӕндын: мӕ бӕрны цы бакодта, уый бахъахъхъӕнын Йӕ бон у Йе ’рцыды бонмӕ.
Уымӕн йӕ бон у ӕнӕмбаргӕты дӕр ӕмӕ фӕдзӕгъӕлуӕвджыты дӕр бамбарын, уымӕн ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр лӕмӕгъ у.
Бардарӕг зоны, рӕстгӕнджыты фӕлварӕнтӕй куыд фервӕзын кӕнын хъӕуы, уый. Ӕнӕхуыцӕуттӕн та Тӕрхоны бонмӕ аиргъӕвы се ’фхӕрд,
Фӕкӕлынӕй уӕ бахизын ӕмӕ уӕ Йӕ намысмӕ ӕнаиппӕй ӕмӕ райгӕйӕ бакӕнын Кӕй бон у,
Мӕ фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ, фӕразон кӕй разындтӕ, уый тыххӕй дӕ Ӕз бахиздзынӕн, зӕххон цӕрджыты бафӕлварынӕн ӕппӕт дунейы цы фыдӕвзарӕн рӕстӕг уыдзӕн, уымӕй.