38 Ӕппӕт дуне кӕй аккаг нӕ уыди, уыдон рахау-бахау кодтой ӕдзӕрӕг быдырты ӕмӕ хӕхты, лӕгӕтты ӕмӕ цъассыты.
«Дӕ сӕр бафснай. Ацу скӕсӕнӕрдӕм, Иорданы фалемӕ, ӕмӕ уым къададон Кериты былгӕрон дӕхи бамбӕхс.
Ау, ничи дын фехъусын кодта, ме ’лдар, ӕз цы бакодтон, уый? Иезавел Дунедарӕджы пехуымпарты марын куы райдыдта, уӕд сӕдӕ пехуымпары дӕс ӕмӕ дыууиссӕдзгӕйттӕй фӕйнӕ лӕгӕты бамбӕхстон ӕмӕ сын уырдӕм хӕрд ӕмӕ нозт хастон.
Иезавел Дунедарӕджы пехуымпарты цӕгъдын куы райдыдта, уӕд Овадиа ӕрӕмбырд кодта сӕдӕ пехуымпары ӕмӕ сӕ дӕс ӕмӕ дыууиссӕдзгӕйттӕй фӕйнӕ лӕгӕты бамбӕхста. Уырдӕм сын хаста хӕринаг ӕмӕ дон.)
Уым лӕгӕтмӕ бацыд ӕмӕ дзы бахсӕвиуат кодта. Ӕмӕ мӕнӕ Дунедарӕджы ныхас хъусы: «Ам цы кусыс, Илийа?»
«Раст адӕймаг амӕлы, ӕмӕ йыл ничи бахъынцъым кӕны, Хуыцаумӕ кувӕг цардӕй ахицӕн вӕййы, ӕмӕ йӕ ничи бамбары, цӕмӕн. Рӕстуды иуварс айстӕуы фыддзинадӕй,
Годолийы тыххӕй кӕй амарын кодта, уыцы адӕмы мӕрдтӕ Нетаниайы фырт Измаел цъайы ныппӕрста. Уыцы цъай кӕддӕр, израилаг паддзах Баасайы ныхмӕ хӕцгӕйӕ, сарӕзта паддзах Аса. Нетаниайы фырт Измаел цъай мӕрдтӕй байдзаг кодта.
Израилӕгтӕ мидианӕгты ’фсондзы бын хъизӕмарӕй мардысты, къӕдзӕхты цъассыты, лӕгӕтты ӕмӕ ӕвадат хӕхты бӕрзӕндты бамбӕхстысты.
Давид уырдыгӕй Адулламы лӕгӕтмӕ алыгъд. Уый куы фехъуыстой йе ’фсымӕртӕ ӕмӕ йе ’ппӕт хионтӕ, уӕд ӕм уырдӕм ӕрцыдысты.
Давид базыдта, Саул йӕ агурӕг кӕй рацыд, уый. Уӕд Давид уыди Зифы ӕдзӕрӕг быдыры, Хорешы.
Зифӕгтӕ ссыдысты Гевӕмӕ, Саулмӕ, ӕмӕ йын радзырдтой: «Давид махмӕ ис, Хорешы фидӕртты бады — Йешимоны хуссарварс Хакилайы къуыбырыл.
Сбӕрӕг кӕнут, кӕм фембӕхсы, ӕппӕт уыцы бынӕттӕ ӕмӕ-иу мӕм бӕлвырд хабаримӕ ӕрбаздӕхут. Уӕд ӕз дӕр ацӕудзынӕн уемӕ, ӕмӕ кӕд ацы зӕххыл ис, уӕд ӕй Иудӕйы ӕппӕт мыггӕгты ’хсӕнӕй дӕр скъахдзынӕн».
Зифӕгтӕ ссыдысты Гевӕмӕ, Саулмӕ, ӕмӕ йын загътой: «Давид йӕхи ӕмбӕхсы Йешимоны бакомкоммӕ Хакилайы къуыбырыл».