21 Йӕ уырнындзинады фӕрцы Йаков йӕ мӕлӕты размӕ арфӕ ракодта Йосефы фырттӕй алкӕмӕн дӕр, ӕрӕнцой кодта йӕ лӕдзӕгыл ӕмӕ скуывта Хуыцаумӕ.
Израил загъта: «Расомы мын кӕн». Йосеф ын сомы ракодта, ӕмӕ Израил йӕ хуыссӕнуаты скуывта Хуыцаумӕ.
Цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ Йосефмӕ хабар уыдис, дӕ фыд фӕрынчын ис, зӕгъгӕ, ӕмӕ Йосеф йемӕ ракодта йӕ дыууӕ фырты, Менассиа ӕмӕ Ефремы, ӕмӕ араст ис Йаковмӕ.
Паддзах Давидмӕ та йӕ дӕлдӕртӕ бацыдысты ӕмӕ йын арфӕтӕ кӕнынц: „Хуыцау дын дӕ номӕй ноджы кадджындӕр скӕнӕд Соломоны ном, дӕ паддзахы бадӕнӕй йын ноджы цытджындӕр скӕнӕд йӕ бадӕн!“ Ӕмӕ Давид рабадти йӕ сынтӕджы, акуывта йӕ сӕрӕй