16 «Мӕнӕ, — зӕгъы Хуыцау, — уыцы бонты фӕстӕ семӕ кӕй сараздзынӕн, уыцы Фидыд: сӕ зӕрдӕты сын нывӕрдзынӕн ӕмӕ сын сӕ зонды ныффысдзынӕн Ме ’гъдӕуттӕ».
Ахӕм рӕстӕг ӕрцӕудзӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ Ӕз Израилы байзӕддагимӕ ӕмӕ Иудӕйы байзӕддагимӕ сараздзынӕн Ног Фидыд.
Ӕмӕ афтӕмӕй Ӕз семӕ сфидар кӕндзынӕн Мӕ Фидыд, сӕ тӕригъӕдтӕй сӕ куы ссыгъдӕг кӕнон, уӕд».