12 Йесо та, тӕригъӕдты тыххӕй иунӕг нывонд ӕрхӕсгӕйӕ, «Хуыцауы рахизфарс ӕрбадти» мыггагмӕ
Алелуйа! Стауын Дӕ, Дунедарӕг, ӕппӕт зӕрдӕйӕ рӕстудты ӕмбырды ӕмӕ дзыллӕйы ’хсӕн.
Уыдӕттӕ зӕгъыны фӕстӕ Бардарӕг Йесо уӕларвмӕ Йӕхи систа ӕмӕ уым Хуыцауы рахизфарс ӕрбадти.
Чи сын стӕрхон кӕндзӕн? Чи амард, фӕлӕ ма мӕрдтӕй дӕр Чи райгас, уыцы Йесо Чырысти бады Хуыцауы рахизфарс ӕмӕ курӕг у мах тыххӕй.
Кӕрӕдзийы уарзгӕйӕ цӕрут, Чырысти мах куыд бауарзта ӕмӕ нӕ сӕраппонд Хуыцауӕн ӕхцон хӕрздӕф нывондӕн Йӕхи куыд ӕрхаста, афтӕ.
Уӕдӕ афтӕ: кӕд сымах Чырыстиимӕ райгас стут, уӕд тырнут уӕлӕрвтӕм, Чырысти Хуыцауы рахизфарс кӕм бады, уырдӕм.
Фырт у Хуыцауы кады тӕмӕн; Фырт у Фыды халдих. Фыртӕн ӕппӕтыл дӕр Йӕ бон цӕуы Йӕ хъомысджын дзырдӕй. Нӕ тӕригъӕдтӕй нӕ ссыгъдӕг кӕнгӕйӕ, Уый цытджын бӕрзӕндты ӕрбадти Дунедарӕджы рахизфарс
Йесо Чырысти сӕххӕст кодта Хуыцауы фӕндон, ӕмӕ Йын Йӕ буар нывондӕн кӕй ӕрхастӕуыд, уый фӕрцы мах ссыгъдӕг стӕм мыггагмӕ.
Уымӕн ӕмӕ, кӕй ссыгъдӕг кодта, уыдоны иу нывондӕй мыггагмӕ алцӕмӕй дӕр скодта ӕнаипп.
Уымӕн ӕмӕ алы алчер дӕр адӕмы ’хсӕнӕй ӕвзӕрст ӕрцӕуы, адӕмы тыххӕй йӕ сӕвӕрдӕуы Хуыцауӕн кусӕгӕй, цӕмӕй Йын Йӕ размӕ хуынтӕ ӕмӕ тӕригъӕды нывӕндтӕ хӕсса.
Уымӕ гӕсгӕ уый хъуамӕ йӕхи тыххӕй дӕр хӕсса тӕригъӕды нывӕндтӕ ӕмӕ адӕмы тыххӕй дӕр.
Уый иннӕ алчерты хуызӕн нӕу: ӕрвылбон Ӕй раздӕр Йӕхи тӕригъӕдты, уый фӕстӕ та адӕмы тӕригъӕдты тыххӕй нывӕндтӕ хӕссыны сӕр нӕ хъӕуы. Йесо уый бакодта иу хатт ӕмӕ мыггагмӕ, Йӕхи нывондӕн куы ӕрхаста, уӕд.
Нӕ ныхасы сӕр та мӕнӕ уый у: махӕн ис, Дунедарӕджы рахизфарс Чи ӕрбадтис уӕлӕрвты, ахӕм Алчер.
Иу хатт ӕмӕ ӕнусмӕ Чырысти бацыди Рухсмонуатмӕ — нывондаг сӕгътӕ ӕмӕ родты тугимӕ нӕ, фӕлӕ Йӕхи Тугимӕ ӕмӕ нӕ мыггагмӕ фервӕзын кодта тӕригъӕды азымӕй.
уӕд цас тыхджындӕр у, ӕнусон Уды фӕрцы Хуыцауӕн Йӕхи ӕнаипп нывондӕн Чи ӕрхаста, уыцы Чырыстийы Туг! Уыцы Туг мах фервӕзын кӕндзӕн ӕфсармы тӕрхонӕй — ныууадздзыстӕм мӕлӕтхӕссӕг хъуыддӕгтӕ ӕмӕ лӕггад кӕндзыстӕм цардӕгас Хуыцауӕн.