Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Даниил 6:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Уӕд загътой: «Мах ацы Даниилмӕ уайдзӕфы аккагӕй ницы ссардзыстӕм, кӕд ма, йӕ Хуыцауы ӕгъдауыл ӕнувыд кӕй у, уый тыххӕй йӕ фӕзылынджын кӕнӕм, ӕндӕр».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Даниил 6:5
8 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уыйадыл Аман паддзах Ксерксӕн загъта: «Иу адӕмыхатт ис, дӕ бӕстӕйы алы кӕрӕтты иннӕ адӕмты ’хсӕн чи ныппырх ис. Се ’гъдӕуттӕ уыдонӕн бынтон ӕндӕр сты, стӕй уыдон паддзахы уынаффӕтӕ дӕр не ’ххӕст кӕнынц. Паддзах та сын уыцы бар хъуамӕ ма дӕтта. Кӕд паддзахӕн фӕндон у — сӕ ныццӕгъдыны уынаффӕ рахӕссӕд, ӕмӕ уӕд ӕз къазнадартӕн дӕс мин таланты ӕвзист ратдзынӕн, ӕмӕ сӕ паддзахы къазнамӕ бафтаудзысты».


Цы сахармӕ уӕ фӕсырдтон, уымӕн йӕ фарнмӕ бӕллут ӕмӕ уыцы сахары тыххӕй Дунедарӕгмӕ кувут, уымӕн ӕмӕ уый фӕрнджын куы уа, уӕд сымах дӕр ӕнӕмастӕй цӕрдзыстут».


Давид йӕ ныхас куы фӕци, уӕд Саул загъта: «Давид, мӕ хъӕбул, уый дӕ хъӕлӕс хъусын?» Ӕмӕ хъӕрӕй ныккуыдта.


Филистимаг ӕфсадхонтӕ дзырдтой: «Ацы дзуттӕгтӕ та ам цы архайынц?» Ахиш сын дзуапп радта: «Уый Давид у, израилаг паддзах Саулы цагъар. Ныр мӕм афӕдзӕй фылдӕр цӕры, ӕмӕ йӕм, куы ’рбалыгъд, уӕдӕй абонмӕ гуырысхойагӕй ницы бафиппайдтон».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ