7 Ӕрӕнкъард сты Кушаны цӕрджыты цатыртӕ, ныррызтызты мидианӕгты хӕдзӕрттӕ.
Фараон хабар куы базыдта, уӕд марынвӕнд скодта Моисейы. Фӕлӕ Моисей алыгъд ӕмӕ Мидианы зӕххыл ӕрбынат кодта. Цъайы цур куыд бадт,
Сӕ цатыртӕ ӕмӕ сӕ рӕгъӕуттӕ, сӕ теуатӕ, се ’мбӕрзӕнтӕ ӕмӕ сын се ’ппӕт мигӕнӕнтӕ байсдзысты ӕмӕ сӕм хъӕр кӕндзысты: «Алырдыгӕй — ӕвирхъау тас!»
Уымӕн ӕмӕ фехъуыстам, Мысырӕй фӕндагыл уын Дунедарӕг Сырх денджыз уӕ размӕ куыд байсысын кодта ӕмӕ Иорданы фале дыууӕ амораг паддзахӕн, Сигонӕн ӕмӕ Огӕн, сӕ быныхъӕр куыд ссӕуын кодтат.
Уыдон дзуапп радтой Йешуайӕн: «Дӕ цагъартӕ фехъуыстой, Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, Йӕ минӕвар Моисейӕн кӕй бафӕдзӕхста ацы зӕхх иууылдӕр сымахӕн раттын ӕмӕ йын йе ’ппӕт цӕрджыты дӕр ныццӕгъдын. Куы нӕ амарат, уымӕй тынг тарстыстӕм, ӕмӕ уымӕн афтӕ бакодтам.
Зевах ӕмӕ Цалмуннӕ алыгъдысты. Гедеон сӕ фӕсте асырдта ӕмӕ мидианӕгты дыууӕ паддзахы ӕрцахста. Се ’фсад та фыр тӕссӕй алырдӕмты фӕлыгъдысты.