5 Йӕ разӕй рын цӕуы, Йӕ фӕдыл — емынӕ;
Йӕ зӕрдыл ӕрлӕууыди Йӕ хорзӕх, Израилы адӕмыл иузӕрдион кӕй у, уый. Ӕмӕ зӕххы кӕрӕттӕм адӕмтӕ нӕ Хуыцауы ирвӕзындзинад федтой.
Мӕ фидыд Мын кӕй фехӕлдтат, уый тыххӕй уӕ карды амӕттаг бакӕндзынӕн. Уӕ сахарты куы бамбӕхсат, уӕд та уыл бафтаудзынӕн емынӕ, ӕмӕ уе знӕгты къухтӕм бахаудзыстут.
Адӕм хъуыр-хъуыр кодтой, ӕмӕ сӕ Дунедарӕг хъуыста. Куы сӕ фехъуыста, уӕд сӕм Йӕ маст рафыхти, ныггуыпп кодта Дунедарӕджы арт ӕмӕ рӕсӕнуаты кӕрон аныхъуырдта.
Ӕз сыл рын сыстын кӕндзынӕн ӕмӕ сӕ ныццӕгъддзынӕн. Дӕ мыггагӕй та ног адӕм рауадздзынӕн, адонӕй фылдӕр ӕмӕ хъаруджындӕр».
Стонгӕй мӕлдзысты, тӕвднизӕй сӕйдзысты, рын сыл сыстдзӕни. Сырды ссыртыл ӕфтыд фӕуыдзысты, калмы маргӕй цагъды кӕндзысты.