18 уӕд дӕр ӕз цин кӕндзынӕн Дунедарӕгыл, мӕ зӕрдӕ райдзӕнис Хуыцауӕй, мӕ Ирвӕзынгӕнӕгӕй.
Хъӕртӕ ӕмӕ сыкъауадындзы зӕлтимӕ Давид ӕмӕ ӕгас Израил ӕрбахастой Дунедарӕджы Фидыды Чырын.
Мары мӕ — уӕддӕр Ыл мӕ зӕрдӕ дардзынӕн, мӕ рӕстдзинадыл дзурдзынӕн Йӕ разы,
Уый загъта, ӕмӕ фӕзындысты мӕтыхтӕ, ӕнӕнымӕцӕй апырх ис къуыдыргалм;
Цин кӕнӕд Израил йе Скӕнӕджы раз, райӕнт Сионы фырттӕ сӕ Паддзахы раз.
Ӕнӕуынон мын у фыдгӕнджыты ӕмбырд, ӕнӕхуыцау адӕмимӕ не ’рбаддзынӕн.
Давиды псалом. Дӕумӕ дзыназын, Дунедарӕг, мӕ Къӕдзӕх! Ӕнӕ дзуаппӕй мӕ ма ныууадз! Ды ӕдзӕмӕй куы баззайай, уӕд мыл мӕрдон хуыз бафтдзӕни.
Давиды псалом, Авимелехы цур йӕхи ӕррайы хуызӕн куы скодта ӕмӕ йӕ уый йӕ цурӕй куы фӕсырдта, уӕд.
Дунедарӕг, фехъус мын мӕ куывд, Дӕ хъус ӕрдар мӕ лӕгъстӕтӕм!
Уӕд Моисей ӕмӕ израилӕгтӕ Дунедарӕджы кадӕн арфӕйы зарӕг систой: «Цӕй ӕмӕ ныззарон Дунедарӕгыл, стыр ӕмӕ кадджын Хуыцауыл! Уый фӕдӕлдон кодта бӕхтӕ ӕмӕ барджыты.
Дунедарӕг мӕ хъомыс, мӕ хъару, мӕ Ирвӕзынгӕнӕг у. Уый мӕ Хуыцау у, ӕмӕ Йын кад кӕндзынӕн, Уый — мӕ фыдӕлты Хуыцау, ӕмӕ Йӕ стаудзынӕн!
Хуыцау мӕнӕн — мӕ ирвӕзынгӕнӕг, мӕ уды ныфс — нӕ зонын Йемӕ тас. Мӕ хъомыс — Уый, мӕ зарӕджы сӕр — Дунедарӕг! Уый сси мӕ ирвӕзынгӕнӕг!»
Уыцы бон дзурдзысты: «Уый нӕ Хуыцау у! Нӕ зӕрдӕ Йыл дардтам, ӕмӕ нӕ фервӕзын кодта! Уый Дунедарӕг у, Ууыл дардтам нӕ зӕрдӕ! Уӕдӕ цин кӕнӕм, цины зарӕг сисӕм, уымӕн ӕмӕ фервӕзтыстӕм!»
Дымгӕмӕ сӕ ныддардзыстут, ӕмӕ сӕ дымгӕ ахӕсдзӕн, уаддым сӕ ныххӕлиу кӕндзӕн. Ӕмӕ уӕд бацин кӕндзыстут Дунедарӕгыл, стаудзыстут Израилы Стыр Хуыцауы».
Цинӕй райӕм, цин кӕнӕм Дунедарӕгыл, нӕ Хуыцауыл. Ирвӕзындзинадӕй нӕ дарӕсау сфӕлыста, рӕстдзинадӕй нӕ ’рбатыхта пӕлӕзау. Афтӕ усгурыл дӕр кады худ ӕркӕнынц, йӕ усагыл — чындзы фӕлыст.
Сионы фырттӕ, сымах дӕр цин кӕнут уӕ Дунедарӕг Хуыцауыл, уымӕн ӕмӕ уын Уый, цас ӕмбӕлы, уый бӕрц ратдзӕн къӕвдатӕ. Уалдзыгон ӕмӕ фӕззыгон къӕвдатӕ раздӕрау ӕруарын кӕндзӕн сымахӕн.
Ӕз та мӕ зӕрдӕ Дунедарӕгыл дардзынӕн, Хуыцау мӕ кӕй фервӕзын кӕндзӕн, уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсдзынӕн, мӕ Хуыцау мӕ фехъусдзӕн.
Ефрем сахъ хӕстоны хуызӕн суыдзӕни, цыма сӕны хъӕстӕ фӕцис, уыйау райдзӕни йӕ зӕрдӕ. Уый фенгӕйӕ, йӕ цот дӕр цин кӕндзысты, Дунедарӕгӕй райдзӕни сӕ зӕрдӕ.
мӕхи цӕстӕй федтон Дӕ Ирвӕзынгӕнӕджы,
Хӕр сӕ ӕрмӕстдӕр Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы раз, Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, цы бынат равзӕрста, уым, демӕ — дӕ цот, чызгӕй, лӕппуйӕ, дӕ цагъартӕ нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй ӕмӕ дӕ сахары цӕрӕг левиттӕ. Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, раз райӕд дӕ зӕрдӕ дӕ къухвӕллойӕ.
Иудадзыг цин кӕнут, уымӕн ӕмӕ сымах Бардарӕг Йесоимӕ иу стут; ӕмӕ ма уын ноджыдӕр зӕгъын — цин кӕнут.
Алы фӕлварӕнты куы бахаут, ме ’фсымӕртӕ, уӕд ӕй уӕхицӕн нымайут стыр амондыл,
Сымах уӕхи цӕстӕй нӕ федтат Чырыстийы, фӕлӕ Йӕ уарзут, ӕмӕ Йӕ кӕд ныртӕккӕ нӕ уынут, уӕддӕр Ыл ӕууӕндут ӕмӕ уӕ цин у, зӕгъӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм.
Аннӕ кувын райдыдта ӕмӕ загъта: «Дунедарӕг мын барухс кодта мӕ зӕрдӕ, мӕ сыкъа мын бӕрзонд систа. Мӕ фыдгултыл мӕхи худӕгӕй хӕссын, цин кӕнын, кӕй мӕ фервӕзын кодтай, ууыл.