11 Де ’рттиваг тӕхгӕ фатты, Де ’рцыты — цӕхӕркалгӕ арвӕрттывдты раз хур ӕмӕ мӕй бандзыг сты уӕлӕрвты.
Де ’ппӕт хуынтӕ дын ӕрымысӕд, дӕ иууылсудзинӕгтӕ дын айсӕд.
Дунедарӕг уыл Йӕ бӕллӕх ӕруадздзӕн, кӕддӕр Перацимы хохыл кӕнӕ Гивоны уӕлвӕзыл Йӕ адӕмы знӕгтӕн куыд бакодта, афтӕ, цӕмӕй ӕмбисонды хъуыддӕгтӕ сараза.
Ныртӕккӕ паддзах Ахазы конд асиныл дӕс къӕпхӕны бӕрц фӕстӕмӕ ссӕуын кӕндзынӕн хуры аууон». Ӕмӕ хур фӕстӕмӕ ссыди, цы дӕс къӕпхӕныл ӕрхызти, уыдоныл.
Радта мын цыргъ ӕвзаг, карды комы хуызӕн, ӕмӕ мӕ Йӕ дӕлбазыр бакодта. Сарӕзта мӕ цыргъ фат ӕмӕ мӕ Йӕ фатдоны бафснайдта.
Размӕ тӕхы бӕхӕфсад, цӕхӕртӕ калынц ӕрцытӕ, ӕрттивынц кӕрдтӕ. Цас мӕрдтӕ ис, цас! Мӕрдты кӕритӕ, ӕнӕнымӕц мӕрдтӕ! Адӕм сыл фӕкӕл-фӕкӕл кӕнынц.
Ды айвӕзтай Де ’рдын, йӕ фатдон ын байдзаг кодтай фаттӕй. Ныскъуыдтӕ кодтай дӕттӕй зӕхх,
Дунедарӕг Йӕхи равдисдзӕн Йӕ адӕмы сӕрмӕ, Йӕ фат фехсдзӕнис ӕрвӕрттывдау. Уӕларвӕфсады Бардарӕг сыкъауадындзӕй ныууасдзӕн, хуссайраг зилгӕ дымгӕйы ацӕудзӕн.