10 ныррызтысты Дӕ уындӕй хӕхтӕ. Тыгъдызӕй ныккалдта уӕларвӕй, фурды ӕнӕбын арф ныббогъ кодта, йӕ уылӕнтӕ систа хӕрдмӕ.
Нӕ фыдӕлты раз денджыз фӕцӕуын кодтай дыууӕрдӕм, ӕмӕ денджызы астӕу ацыдысты, сурзӕххау, чи сӕ сырдта, уыдоны та, дур хуыдыммӕ ныппарӕгау, денджызы арфмӕ нывзылдтай.
Ныууарыд сыл къӕвдайы бӕсты их, пиллон арт сӕ зӕххыл ацыди.
Дунедарӕджы стаут, зӕххон цӕрджытӕ, стыр кӕсӕгтӕ ӕмӕ фурды ӕрфытӕ,
Мӕ дзыхӕй рацӕугӕ ныхӕстӕ, мӕ зӕрдӕйы сагъӕстӕ, ӕхсызгон уӕнт Дӕуӕн, Дунедарӕг! Ды — мӕ къӕдзӕх, мӕ ирвӕзынгӕнӕг.
Дӕ Кувӕндонмӕ иууылсудзинӕгтӕ бахӕсдзынӕн, мӕ сомы сӕххӕст кӕндзынӕн Дӕ разы —
О Хуыцау, адӕмтӕ Дӕ стауӕнт, кад Дын кӕнӕнт ӕппӕт адӕмтӕ!
О Дунедарӕг, ӕнӕхуыцӕуттӕ кӕдмӕ кӕндзысты уӕлахиз?
Кад Мын кӕндзысты тугдзых сырдтӕ, мӕрдтыбирӕгътӕ ӕмӕ страустӕ, уымӕн ӕмӕ сыгъд быдыртыл рауадздзынӕн цӕугӕдӕттӕ, цӕмӕй Ме ’взӕрст адӕмы бафсадон донӕй.
Рацӕудзыстут цинимӕ, арвитдзысты уӕ фарнимӕ. Фӕндагыл уын зардзысты хӕхтӕ ӕмӕ уӕлвӕзтӕ, ӕмдзӕгъд уын кӕндзысты быдыры ӕппӕт бӕлӕстӕ.
Хӕхтӕм кӕсын, ӕмӕ ӕнкъуысынц, къуыбыртӕ ӕмризӕджы нырризынц.
Хӕхтӕ атайдзысты Йӕ быны; мыдадз артӕй куыд акъӕртт вӕййы, къӕдзӕхы фахсыл дон куыд рацӕйзгъоры, афтӕ дӕлвӕзтӕ фӕркгай фӕхаудзысты.
Хӕхтӕ нынкъуысынц, къуылдымтӕ ныззыр-зыр кӕнынц, зӕхх, ӕппӕт дуне ӕмӕ йӕ цӕрджытӕ нырризынц Йӕ разы.
сыстади, нынкъуысын кодта зӕхх. Йӕ цӕстӕнгасӕй адӕмтыл ризӕг бахӕцыд; ныппырх сты ӕнусон къӕдзӕхтӕ, рагон къуылдымтӕ зӕххимӕ сиу сты; Йӕ фӕндӕгтӕ — ӕнусон.
Уӕд Кувӕндоны мидӕмбӕрзӕн уӕлейӕ дӕлӕмӕ ӕрфасти ӕмӕ дыууӕ дихы фӕцис. Зӕхх нынкъуысыд, ӕмӕ къӕдзӕхтӕ аскъуыдтӕ сты.
Уалынмӕ денджыз афтӕ тынг сабухта, ӕмӕ уылӕнтӕ бӕлӕгъы сӕрты калдысты; Йесо та фынӕй уыди.
Сур зӕххыл цӕуӕгау израилӕгтӕ сӕ уырнындзинады фӕрцы ахызтысты Сырх денджызыл, ӕмӕ мысырӕгтӕ дӕр ахизын куы бафӕлвӕрдтой, уӕд фӕдӕлдон сты.
Дунедарӕджы Фидыды Чырын хӕссӕг сауджынтӕ куыддӕр Иорданӕй рахызтысты ӕмӕ былгӕрон сурыл ӕрлӕууыдысты, афтӕ Иордан йӕ донвӕдыл агуылф ласта ӕмӕ раздӕрау йӕ былтӕй акалди.
Ӕхсӕзӕм зӕд йӕ кӕхц ракалдта Евфраты стыр цӕугӕдоныл, ӕмӕ дзы дон нал баззад — афтӕмӕй паддзӕхтӕн скӕсӕнӕй фӕндаг байгом ис.
Ӕз федтон стыр, урс паддзахы бадӕн ӕмӕ уым — Бадӕджы. Йӕ разӕй фӕлыгъдысты арв ӕмӕ зӕхх, ӕмӕ сын дун-дунейы бынат нал уыди.
Арв тыхтонау ӕрбампылд ӕмӕ фӕцыдӕр. Алы хох ӕмӕ сакъадах дӕр йӕ бынатӕй фенкъуысыди.