Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Аввакум 2:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Хӕсджын кӕмӕй дӕ, уыдон искӕд бон ӕвиппайды дӕ ныхмӕ сыстдзысты, райхъал уыдзысты ӕмӕ дӕ стыр тасы бафтаудзысты, сӕ амӕттаг бауыдзынӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Аввакум 2:7
19 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уайдзӕфтӕм хъусгӕйӕ, йӕхи чи схъӕхъхъаг кӕны, уымӕн ӕвиппайды йе сӕфт ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ йын ницыуал баххуыс кӕндзӕн.


Дзыхъхъ чи къахы, уый дзы, гӕнӕн ис, йӕхӕдӕг дӕр аирвӕза; зӕронд къултӕ чи пырх кӕны, ууыл, чи зоны, калм фӕхӕца.


Уӕд ефремонты фыдӕхӕн кӕрон ӕрцӕудзӕни, уӕд иудейӕгты фыдӕхӕн йӕ кой дӕр нал уыдзӕн. Ефремонтӕ иудейӕгтӕм нал хӕлӕг кӕндзысты, иудейӕгтӕ знаджы цӕстӕй нал кӕсдзысты ефремонтӕм.


Ӕз рӕстӕвзары ракодтон цӕгатӕй, ӕмӕ ӕрбацӕуы. Скӕсӕнӕй Мӕм кувы. Цъыфау йӕ къӕхты бын ссӕнды барджынты, дурынгӕнӕг ӕлыг куыд фӕнӕмы, афтӕ.


Скӕсӕнӕй, дард бӕстӕй, фӕсидтӕн цӕргӕсмӕ, Мӕ фӕнд Мын чи сӕххӕст кӕндзӕн, уыцы лӕгмӕ. Ӕз, рагагъоммӕ цы загътон, уый сӕххӕст кӕндзынӕн, цы скарстон, уымӕн ӕнӕ ’рцӕугӕ нӕй.


Фӕлӕ фыдбылызы амӕттаг бауыдзынӕ. Зонгӕ дӕр ӕй нӕ бакӕндзынӕ, кӕцӕй дӕм фӕзындзӕн, уый. Дӕ фӕсонӕрхӕджы дӕр нӕй, ахӕм бӕллӕх дыл ӕрцӕудзӕн ӕнӕнхъӕлӕджы.


Уӕ фӕттӕ сцыргъ кӕнут, байдзаг кӕнут уӕ фатдонтӕ! Дунедарӕг сцырен кодта Мидийы паддзӕхты, уымӕн ӕмӕ Йӕ зӕрды ис Вавилоны сахар бабын кӕнын. Уый у Дунедарӕджы мастисӕн тӕрхон, Йӕ Кувӕндоны маст сӕ райсдзӕн.


«Ӕз ын йӕ уӕздӕттӕ ӕмӕ йӕ куырыхонты, бӕстӕйы зылдты ӕмӕ сахарты хицӕутты, стӕй йӕ хӕстонты ныррасыг кӕндзынӕн, ӕнусон фынӕй бауыдзысты ӕмӕ никуыуал райхъал уыдзысты, — зӕгъы Паддзах, Йӕ ном — Уӕларвӕфсады Бардарӕг».


«Ӕз уӕм ӕрвитын маргджын кӕлмыты, кӕлӕнтӕ сыл нӕ тых кӕнынц, хӕцдзысты уыл», — зӕгъы Дунедарӕг.


Уымӕн ӕмӕ адӕм афтӕ куы дзурой: «Алырдыгӕй — сабырад ӕмӕ ӕдасдзинад», уӕд, ӕнхъӕлцау сылгоймагӕн арынафон йӕ тухӕнтӕ куыд ралӕууынц, афтӕ ӕваст сӕ адзал ӕрцӕудзӕн ӕмӕ сын фервӕзыны амал нӕ уыдзӕн.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ