Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Аввакум 2:17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

17 Ливаны цы фыдмитӕ фӕкодтай, уыдоны тыххӕй ӕфхӕрд баййафдзынӕ, фыр тӕссӕй дыл ризӕг бахӕцдзӕн, уымӕн ӕмӕ ӕгъатырӕй цӕрӕгойты ныццагътай, ныккалдтай адӕмы туг, ӕнӕхъӕн бӕстӕ, сахартӕ ӕмӕ сын се ’ппӕт цӕрджыты ныххӕлӕттаг кодтай.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Аввакум 2:17
15 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Дунедарӕг мын мӕ маст райсдзӕни! Дунедарӕг! Дӕ хорзӕх мыггагмӕ у! Ма мӕ ныууадз, Дӕ къухтӕ мӕ куы сфӕлдыстой!


Тугныккалды аххосджын чи у, уый йӕ мӕлӕты бонмӕ рахау-бахау фӕкӕндзӕн. Чи йӕ суазӕг кӕна, ахӕм адӕймаджы макуы ссарӕд!


Фатӕхсджытӕ, ӕрхъула кӕнут Вавилоныл! Уӕ фӕттӕ йыл ӕнӕвгъауӕй ӕхсут, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы раз фӕтӕригъӕдджын ис!


Вавилоны сахарӕй чи раирвӕзт, уыцы лигъдӕтты хъӕр хъуысы. Ӕмӕ ныр базондзысты Сионы, Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, Йӕ Кувӕндоны маст кӕй райста, уый.


Вавилоны, халдейӕгты зӕххыл чиддӕриддӕр цӕры, уыдоны Ӕз, Сионы цы фыдракӕндтӕ фӕкодтой, уыдоны тыххӕй бафхӕрдзынӕн уӕ разы, — зӕгъы Дунедарӕг.


Дӕ базайрӕгтӕн нал уыди ныккӕнӕн, ӕмӕ ды байдзаг дӕ фыдракӕндтӕй, тӕригъӕд ракодтай. Фӕчъизи дӕ, ӕмӕ дӕ Ӕз Хуыцауы хохӕй раппӕрстон, цӕхӕркалгӕ дурты ’хсӕнӕй фӕсырдтон дӕу — хъахъхъӕнӕг херувимы.


Мӕрдтыбӕстӕм ӕй куы ныппӕрстон, ингӕнтӕм чи ныххызти, уыдонмӕ, уӕд йӕ афӕлдӕхты уынӕрӕй нынкъуысыдысты адӕмтӕ, дӕлдзӕхы та ныццин кодтой Едемы ӕппӕт бӕлӕстӕ, стӕй Ливаны кӕддӕры донӕфсӕст ӕвзаргӕ бӕлӕстӕ иууылдӕр.


Мысыры зӕхх ӕмӕ Едом ӕдзӕрӕг быдыртӕ фестдзысты, уымӕн ӕмӕ уыдон Иудӕйы цӕрджыты хъизӕмарӕй мардтой, сӕ зӕххыл сын ӕнаххос адӕмы туг фӕкалдтой.


Фӕлӕ кӕдмӕ ӕвзиддзӕн кардӕй, ӕгъатырӕй адӕмты кӕдмӕ цӕгъддзӕн?


Бирӕ адӕмты бастыгътай, ӕмӕ дын дӕхи дӕр иннӕ адӕмтӕ афтӕ бастигъдзысты, адӕмы туг кӕй фӕкалдтай, бӕстӕтӕ, сахартӕ ӕмӕ сын се ’ппӕт цӕрджыты хӕлӕттаг кӕй фӕкодтай, уый тыххӕй.


Дӕ кулдуар байгом кӕн, Ливан! Уадз аныхъуыра пиллон арт дӕ кедртӕ!


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ