15 Додой дӕ къона, йӕ хионӕн Дунедарӕджы масты кӕхцӕй чи нуазын кӕны, цалынмӕ дзы срасыг уа, уӕдмӕ, цӕмӕй йын уый фӕстӕ йӕ худинаг фена!
Афтӕмӕй йӕ федта Хам, Ханааны фыд, ӕмӕ йӕ радзырдта йӕ дыууӕ ӕфсымӕрӕн.
Давид йӕ фынгмӕ фӕхуыдта, ӕмӕ Уриа бахордта ӕмӕ бануӕзта йемӕ. Давид ӕй фӕрасыг кодта, фӕлӕ та изӕрӕй Уриа рацыди ӕмӕ йӕ паддзахы дӕлдӕртимӕ бахсӕвиуат кодта, йӕ хӕдзармӕ нӕ ацыд.
Моисей федта: адӕм сӕхи фӕнд атардтой, ӕмӕ сын Аарон сӕ ных нӕ бакъуырдта, фӕлӕ сӕ фыдгулты цӕсты бафтыдта.
Сауджынтӕ ӕмӕ пехуымпартӕ ныррасыг сты сӕнӕй ӕмӕ цудтытӕ кӕнынц; карз нозт бануазынц ӕмӕ сӕ развӕндаг дӕр нал фӕуынынц; сӕ зонд фӕцыди карз нозтӕй, сӕ цӕстылуайӕнтӕ раст не сты, уынаффӕ хӕсгӕйӕ, рӕдийынц.
Сӕ фынгтӕ ӕлгъаг омдзӕджы бын фесты — сыгъдӕг бынат нал баззад.
Додой сӕ къона, йе ’хсар сӕн нуазыныл кӕмӕн у, йӕ хъомыс та — хъӕбӕр нозт уадзыныл.
Дунедарӕг, Израилы Хуыцау мын загъта: «Айс Мӕ къухӕй ацы кӕхц, йӕ мидӕг ис Мӕ масты сӕн. Цы адӕмтӕм дӕ арвитдзынӕн, уыдонӕн дзы се ’ппӕтӕн дӕр бадар.
Дунедарӕджы къухы Вавилоны сахар уыди сыгъзӕрин кӕхц, ӕгас зӕхх дзы ныррасыг ис. Адӕмтӕ дзы сӕн нуӕзтой ӕмӕ сӕрра сты.
Нӕ паддзахы бӕрӕгбоны ӕлдӕрттӕ уый бӕрц сӕн бануӕзтой, ӕмӕ рынчынты хуызӕн систы, паддзах та уыцы цъаммартӕм йӕ къух бадардта.
Денджыз донӕй йемыдзаг куыд у, афтӕ зӕхх дӕр, Дунедарӕг цӕйбӕрц кадджын у, уыцы зонынадӕй байдзаг уыдзӕн.
Уымӕй дӕхи не скадджын кӕндзынӕ, — фегад уыдзынӕ! Уӕдӕ ныр дӕхӕдӕг дӕр бануаз ӕмӕ дзой-дзой кӕн! Дунедарӕджы рахиз къухы цы кӕхц ис, уый дӕумӕ дӕр бахӕццӕ уыдзӕн, ӕмӕ худинаджы бын фӕуыдзынӕ!
Зӕххон паддзӕхтӕ йемӕ хъахбай митӕ фӕкодтой, зӕххон цӕрджытӕ расыг кодтой йӕ хъахбайдзинады сӕнӕй».
Ӕз федтон: сылгоймаг расыг уыди сыгъдӕджыты — Йесойы ӕвдисӕнты — тугӕй. Куы йӕ федтон, уӕд стыр дисы бафтыдтӕн.
Зӕххон паддзӕхтӕ хъахбай митӕ кодтой йемӕ, зӕххон сӕудӕджертӕ схъӕздыг сты йӕ бирӕ исбонӕй».