14 Ды адӕмы скодтай денджызы кӕсӕгты, хицау кӕмӕн нӕй, ахӕм доны змӕлӕгойты хуызӕн.
Нӕдӕр ын хицау ис, нӕдӕр — цӕстдарӕг, нӕдӕр — паддзах,
Ӕз арвитдзынӕн бирӕ кӕсагахсджыты, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ сӕ уыдон кӕсӕгтау ахсдзысты. Уый фӕстӕ арвитдзынӕн бирӕ цуанӕтты, ӕмӕ сӕ уыдон алы хох ӕмӕ алы къуыбырӕй, къӕдзӕхты алы лӕгӕтӕй сурдзысты.
Фӕлӕ ӕгӕр сыгъдӕг сты Дӕ цӕстытӕ фыдракӕндтӕ уынынӕн. Бӕллӕхмӕ кӕсын нӕу Дӕ бон. Уӕдӕ фӕлитойтӕм куыд кӕсыс? Фыдгӕнӕг ӕнаххосы куы фӕныхъуыры, уӕд куыд фӕлӕууыс ӕдзӕмӕй?
Фыдгул сӕ йе ’нгуырӕй сласы, кӕсагахсӕн хызӕй сӕ ахсы, йӕ зӕрдӕ райы фыр цинӕй.