4 Фӕлӕ цӕргӕсау бӕрзонд куы стӕхай ӕмӕ стъалыты астӕу дӕхицӕн ахстон куы сбийай, уӕд дӕ уырдыгӕй дӕр расхойдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг.
Адӕмтӕн ратӕлӕт кодтон сӕ исбон, мӕргъты ахстӕттӕ сафтидгӕнӕгау; уагъд ӕйчытау ӕз ӕппӕт зӕххытӕ байстон, ӕмӕ мыл ничи йӕ базыр сцагъта, ничи йӕ дзых фӕхӕлиу кодта, ничи мыл цъиу-цъиу скодта».
О къӕдзӕхты цъассыты цӕрӕг, хӕхты цъуппыты хицау! Хъӕхъхъаг ӕмӕ къӕйных кӕй дӕ, ууыл дӕ зӕрдӕ дзӕгъӕлы дардтай. Уӕлиау ахстон скодтай цӕргӕсау, фӕлӕ дӕ Ӕз уырдыгӕй раппардзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. —
Вавилон суанг уӕлӕрвтӕм куы сӕххӕсса ӕмӕ йӕ бӕрзонд мӕсгуытӕ куы бафидӕрттӕ кӕна, уӕд дӕр ӕм Ӕз дӕрӕнгӕнджыты ӕрбарвитдзынӕн», — зӕгъы Дунедарӕг.
Мӕрдтыбӕстӕм куы фӕлидзой, уӕд сӕ уым дӕр ссардзынӕн, уӕларвмӕ куы ссӕуой, уӕд сӕ уырдыгӕй дӕр раппардзынӕн.
Додой йӕ къона, галиу миты фӕрцы йӕ хӕдзары исбоныл чи ӕфтауы, цӕмӕй фыдбылызӕй фервӕза, уый тыххӕй йӕ ахстон бӕрзонд чи саразы, уымӕн!