Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Авадиа 1:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Дӕ къӕйных зӕрдӕ дӕ фӕсайдта, къӕдзӕхты ’хсӕн цӕрыс ӕмӕ дзурыс: «Чи мӕ раппардзӕни зӕхмӕ?»

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Авадиа 1:3
21 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уымӕ гӕсгӕ Исав (ома Едом) ӕрцарди Сеиры хӕхбӕсты.


Амациа Цӕхджын дӕлвӕзы дӕс мин едомаджы ныццагъта. Уый фӕстӕ схӕцыд Селайы сахары ныхмӕ ӕмӕ йӕ бацахста. Радта йын ног ном — Йоктеел. Ныронг дӕр ӕй афтӕ хонынц.


Амациа фӕныфсджын ис, йе ’фсад Цӕхджын дӕлвӕзы ’рдӕм акодта ӕмӕ уым Сеиры хӕстонтӕй дӕс мин лӕджы амардта.


Дӕс мины та дзы иудейӕгтӕ удӕгасӕй райстой уацары. Айнӕджы сӕрмӕ сӕ скодтой ӕмӕ сӕ уырдыгӕй раппӕрстой, иууылдӕр дзыхъмард фесты.


Йӕ кад уӕларвмӕ дӕр сӕххӕссӕд, йӕ сӕр арвыл ныдзӕвӕд,


Сӕфты размӕ фӕзыны сӕрыстырдзинад, ӕрхауыны размӕ — ӕнӕввӕрсондзинад.


Хъӕздыгӕн йӕ исбон — йӕ фидар мӕсыг, бӕрзонд сисау ӕм кӕсы.


Сӕрыстыр йӕхи сӕгад кӕндзӕн, сӕрныллӕг та скадджын уыдзӕн.


Мах фехъуыстам, Моав куыд ӕнӕввӕрсон у, йе схъӕл митӕн кӕрон куыд нӕй, куыд къӕйных ӕмӕ куыд налат у, куыд тутт сты йӕ хиппӕлой ныхӕстӕ.


О тъӕпӕны цӕрӕг, о дӕлвӕзы къӕдзӕх! Ныр Мӕхӕдӕг сыстадтӕн дӕ ныхмӕ, — зӕгъы Дунедарӕг. — Сымах дзурут: „Нӕ ныхмӕ чи рацӕудзӕн? Нӕ хӕдзӕрттӕм нын чи бабырсдзӕн?“


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Уӕхи ма сайут ӕмӕ афтӕ ӕнхъӕл ма ут, цыма халдейӕгтӕ ардыгӕй ацӕудзысты. Нӕ уыдзӕн уый!


Моавы цӕрджытӕ, уӕ сахартӕ ныууадзут ӕмӕ къӕдзӕхтыл ӕрцӕрут, лӕгӕтты сӕрмӕ ахстӕттӕ цы хъӕддаг бӕлӕттӕ скӕнынц, уыдоны бафӕзмут.


О къӕдзӕхты цъассыты цӕрӕг, хӕхты цъуппыты хицау! Хъӕхъхъаг ӕмӕ къӕйных кӕй дӕ, ууыл дӕ зӕрдӕ дзӕгъӕлы дардтай. Уӕлиау ахстон скодтай цӕргӕсау, фӕлӕ дӕ Ӕз уырдыгӕй раппардзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. —


Дӕ дӕлвӕзтӕй цы ’ппӕлыс? Бабын ис дӕ тӕрф! О мӕнгард чызг! Дӕ хӕзнатыл дӕ зӕрдӕ дардтай, мӕ ныхмӕ чи схӕцдзӕн, зӕгъгӕ.


Дӕ базайрӕгтӕн нал уыди ныккӕнӕн, ӕмӕ ды байдзаг дӕ фыдракӕндтӕй, тӕригъӕд ракодтай. Фӕчъизи дӕ, ӕмӕ дӕ Ӕз Хуыцауы хохӕй раппӕрстон, цӕхӕркалгӕ дурты ’хсӕнӕй фӕсырдтон дӕу — хъахъхъӕнӕг херувимы.


Едомӕгтӕ зӕгъдзысты: «Ныддӕрӕн нӕ кодтой, нӕ хӕлддзӕгтӕ ногӕй рацаразӕм». Фӕлӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: — Уыдон сараздзысты, Ӕз та сӕ ногӕй ныппырх кӕндзынӕн; схондзысты сӕ ӕлгъыст бӕстӕ, Дунедарӕг мыггагмӕ кӕй ралгъыста, ахӕм адӕм.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ