Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 9:31 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

31 Ӕппӕт Иудейы, Галилейы ӕмӕ Самарийы аргъуантӕ хъыгдард нал ӕййӕфтой, фидар кодтой, Хуыцауы тас сӕм уыди, Сыгъдӕг Уды ӕххуысӕй ӕфтыди уырнджыты нымӕцыл.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Апостолты хъуыддӕгтӕ 9:31
56 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

«Уемӕ куы ис Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уӕ алфамбылай знӕгтӕй уӕ куы сӕнӕмӕт кодта. А бӕстӕйы цӕрджыты дӕр радта мӕ къухтӕм, ӕмӕ а бӕстӕ баци Дунедарӕджы ӕмӕ Йӕ адӕмы дӕлбар.


Фӕлӕ дын райгуырдзӕни фырт. Уыдзӕн ын сабыр уаг, ӕмӕ йӕ Ӕз йӕ алфамбылай знӕгтӕй се ’ппӕтӕй дӕр сӕнӕмӕт кӕндзынӕн. Йӕ ном уыдзӕни Соломон, ӕмӕ Израилӕн Соломоны заман ратдзынӕн фарн ӕмӕ ӕнцой.


Мӕ размӕйы облӕсты хицӕуттӕ та адӕмыл уаргъ ӕвӕрдтой: ӕвзисты дыууиссӕдз шекелӕй уӕлӕмӕ ма адӕмӕй домдтой хор ӕмӕ сӕн. Суанг ма сӕ фӕсдзӕуинтӕ дӕр ӕлдариуӕг кодтой адӕмӕн. Фӕлӕ ӕз афтӕ нӕ кодтон, уымӕн ӕмӕ Хуыцауӕй тӕрсын.


Загътон сын, хорз нӕ кӕнут. Ау, Хуыцауӕй хъуамӕ ма тӕрсат? Цӕмӕй нын иннӕ адӕмтӕ, не знӕгтӕ, фидис ма кӕной.


Ӕмӕ загъта адӕймагӕн: „Хуыцауы тас — уый мидӕг ис уӕлзонд, фыддзинадӕй хи хизын — зонды ӕвдисӕн уый у“».


Ӕнӕхуыцау ӕм хӕлӕгӕй мӕлдзӕн, йӕ дӕндӕгты къӕс-къӕс цӕудзӕн ӕмӕ баруайдзӕн. Ӕнаккӕгты фӕндиӕгтӕ нӕ сӕххӕст уыдзысты!


Уӕлзонды райдиан — Хуыцауы тас; зондамындыл ӕлгъ чи кӕны, уый ӕдылы у.


Тӕригъӕдджынтӕм хӕлӕг ма кӕн, Дунедарӕджы раз дӕм тас уӕд кӕддӕриддӕр —


Дунедарӕджы раз тас кӕмӕ ис, уымӕн фыддзинад ӕнӕуынон у. Сӕрыстыр ӕмӕ схъӕлдзырд, галиу фӕндаг ӕмӕ мӕнгӕвзаг ӕнӕуынон сты мӕнӕн.


Уыцы заман куы ралӕууа, уӕд, Йессейы Ӕвзарӕй цы тала сырӕза, уый адӕмтӕн суыдзӕни цӕстуынгӕ нысан, адӕмтӕ йӕ бацагурдзысты. Цы бынаты ӕрцӕра, уымӕн йӕ кады кой айхъуысдзӕни дӕрдтыл.


Уый уыдзӕни уӕ царды фидар бындур, фӕрныгӕй уын ратдзӕн ирвӕзындзинад, уӕлзонд ӕмӕ зонынад, Хуыцауы тас уе стырдӕр хӕзна суыдзӕн.


Уӕларвӕфсады Бардарӕг зӕгъы: ӕрбацӕудзысты бирӕ адӕмтӕ ӕмӕ бирӕ сахарты цӕрджытӕ.


Хуыцауы ныхас та тынгӕй-тынгдӕр парахат кодта.


Афтӕмӕй фидар кодта аргъуанты уырнындзинад, бонӕй-бон фылдӕр кодта уырнджыты нымӕц.


Кад кодтой Хуыцауӕн ӕмӕ ӕппӕт адӕмӕн уыдысты уарзон; Бардарӕг Йесо та сын сӕ нымӕцыл ӕрвылбон ӕфтыдта, ӕрвыста сӕм, кӕй ирвӕзын кодта, уыдоны.


Ныр уӕ фӕдзӕхсын Хуыцауыл ӕмӕ Йӕ хорзӕхыл дзурӕг ныхасыл. Хуыцау уыцы ныхасы фӕрцы сымах скӕндзӕн удвидар ӕмӕ уын ратдзӕн хай ӕппӕт сыгъдӕджытимӕ.


Ӕмӕ стыр тас бацыд ӕгас аргъуаны, стӕй, уыцы хабар чидӕриддӕр фехъуыста, уыдоны дӕр.


Парахат кодта Хуыцауы ныхас, Йерусалимы дзӕвгар ӕфтыд ахуыргӕнинӕгты нымӕцыл; сауджынтӕй дӕр бирӕтӕ баууӕндыдысты Чырыстийыл.


Стефаны кӕй амардтой, уый Савл растыл нымадта. Уыцы бонӕй фӕстӕмӕ Йерусалимы аргъуаны уӕнгты тынг ӕфхӕрын райдыдтой, ӕмӕ, апостолтӕй фӕстӕмӕ, се ’ппӕт дӕр ныххӕлиу сты Иудей ӕмӕ Самарийы алы къуымты.


Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы Паддзахад хӕрын ӕмӕ нуазыныл нӕу. Рӕстӕй цӕрын, Сыгъдӕг Уд кӕй дӕтты, уыцы фарн ӕмӕ цин — Хуыцауы Паддзахад уый у.


Уӕдӕ тырндзыстӕм, фарн цы хӕссы ӕмӕ нын кӕрӕдзийы фидар кӕнынӕн ахъаз цы у, уымӕ.


Ныфс Чи дӕтты, уыцы Хуыцау уын уырнындзинады фӕрцы раттӕд цин ӕмӕ фарн, цӕмӕй Сыгъдӕг Уды хъаруйӕ уӕ ныфс кӕна фидарӕй-фидардӕр.


Ныфс та нӕ сайы, уымӕн ӕмӕ, лӕвӕрд нын Чи у, уыцы Сыгъдӕг Уды фӕрцы Хуыцау нӕ зӕрдӕтӕ байдзаг кодта Йӕ уарзтӕй.


Афтӕ уӕд сымах дӕр: кӕд Уды курдиӕттӕм бӕллут, уӕд архайут, цӕмӕй уӕм бирӕ уа, аргъуан сфидар кӕнынӕн ахъаз чи у, ахӕм курдиӕттӕ.


Уӕдӕ уын цы зӕгъон, ӕфсымӕртӕ? Сымах куы ӕрӕмбырд вӕййут, уӕд уӕ алкӕмӕ дӕр вӕййы кӕнӕ зарӕг, кӕнӕ зондамонӕн ныхас, кӕнӕ ӕндӕр ӕвзаг, кӕнӕ уыцы ӕвзаг бамбарын кӕныны курдиат, кӕнӕ искӕмӕн Хуыцауӕй исты раргом вӕййы. Ӕппӕт уыдӕттӕ хъуамӕ фидар кӕной аргъуан.


Уӕ аргъуан фехалынӕн нӕ, фӕлӕ йӕ саразынӕн Бардарӕг махӕн цы бартӕ радта, уыдонӕй ӕгӕр куы раппӕлон, уӕд дӕр нӕ фӕхудинаг уыдзынӕн.


Цыма алцӕмӕй дӕр уӕ разы нӕхи раст кӕнӕм, афтӕ уӕм кӕсы? Мах цы дзурӕм, уый, Чырыстиимӕ иугондӕй, Хуыцауы раз дзурӕм. Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, ӕппӕт уыдӕттӕ мах кӕнӕм уе сфидар кӕныны тыххӕй.


Ӕппӕт уыдӕттӕ уӕм фӕсаууонмӕ уый тыххӕй фыссын, ӕмӕ, сымахмӕ куы уон, уӕд мӕ ма бахъӕуа мӕхи карзӕй равдисыны сӕр, халынӕн нӕ, фӕлӕ мын аразынӕн Бардарӕг цы бартӕ радта, уыдонмӕ гӕсгӕ.


Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, кӕд ӕмӕ нын Хуыцау уыдӕттӕй зӕрдӕ бавӕрдта, уӕд бавдӕлӕм ӕмӕ, буар ӕмӕ уд цӕмӕй фӕчъизи вӕййынц, уыдӕттӕй нӕхи ссыгъдӕг кӕнӕм, аргъуыцгӕнгӕ нӕхи снывонд кӕнӕм Хуыцауӕн.


цӕмӕй уыдон сыгъдӕджыты цӕттӕ кӕной Хуыцауӕн уазлӕггад кӕнынмӕ, ӕмӕ афтӕмӕй рӕза Чырыстийы Буар,


Уый у, йе уӕнгтӕ кӕрӕдзиуыл ӕнгом кӕмӕн хӕцынц, уыцы Буары иугӕнӕг: алы уӕнг дӕр кӕны йӕхи куыст, ӕмӕ афтӕмӕй Буар ӕгасӕй дӕр рӕз хӕссы ӕмӕ арӕзт цӕуы уарзондзинады фӕрцы.


Ӕнӕуаг ныхас ӕппындӕр ма схауӕд уӕ дзыхӕй, фӕлӕ, адӕймагӕн йӕ тыхсты чи феххуыс уыдзӕн ӕмӕ йӕ чи фӕфидар кӕндзӕн, ӕрмӕстдӕр ахӕм хорз ныхӕстӕ, — чи сӕ фехъуса, уыдонӕн фарны хос куыд уой, афтӕ.


Чырыстийы тас уӕм кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ кӕрӕдзийы коммӕ кӕсут.


Фӕлӕ Иорданы фаллаг фарсмӕ куы ахизат ӕмӕ уын Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, исбонӕн цы бӕстӕ дӕтты, уым куы ӕрбынат кӕнат, куы уӕ фервӕзын кӕна Уый уӕ алыварс знӕгтӕй ӕмӕ ӕдасӕй цӕрын куы райдайат,


Уӕдӕ Чырыстиимӕ кӕй стут, уый уын кӕд исты ныфс дӕтты, кӕд уын Йӕ уарзондзинад циндзинад хӕссы ӕмӕ уын кӕд Сыгъдӕг Удимӕ иудзинад ис, кӕд хатырджын ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг стут,


Мах кувӕм, цӕмӕй уӕ цардӕй кад кӕнат Бардарӕгӕн ӕмӕ алцы дӕр, Уымӕн ӕхцон куыд уа, афтӕ кӕныныл архайат, уӕ алы хорз хъуыддаг дӕр пайда куыд хӕсса ӕмӕ Хуыцауы фылдӕрӕй-фылдӕр куыд зонат,


Уымӕ гӕсгӕ рӕвдаут кӕрӕдзийы, иу иннӕмӕн уӕд фидаргӕнӕг — ӕнӕуи дӕр куыд кӕнут, афтӕ.


ӕмӕ ныууадзой ӕрымысгӕ хабӕрттӕ, стӕй рагфыдӕлты хӕдзарвӕндӕгты ӕнӕкӕрон койтӕ. Ӕппӕт уыдӕттӕн нӕй фӕуӕн, расайынц ӕнӕпайда быцӕутӕ ӕмӕ ахъаз не сты Хуыцауы хъуыддагӕн — уырнындзинады руаджы адӕмы ирвӕзын кӕнынӕн.


Уӕдӕ Хуыцауы адӕмӕн сӕ фӕлладуадзӕн сабат нырма ӕрцӕуинаг у.


Дунедарӕг сын удӕнцой цард радта алырдыгӕй дӕр, сӕ фыдӕлтӕн ард куыд бахордта, афтӕ. Сӕ фыдгултӕй иунӕджы бон дӕр сӕ ныхмӕ фӕлӕууын нӕ бацис. Иууылдӕр сын сӕ Дунедарӕг радта сӕ къухтӕм.


Сымах та, мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, рӕзут уӕ сыгъдӕг уырнындзинады бындурыл, кувут Сыгъдӕг Удӕй разӕнгардӕй,


Уыцы бон израилӕгтӕ моавӕгтыл фӕуӕлахиз сты. Цыппарыссӕдз азы бӕстӕ уыди сабыр.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ