Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 9:17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

17 Ананиа араст, бацыди хӕдзармӕ, Савлыл ӕрӕвӕрдта йӕ къухтӕ ӕмӕ загъта: «Ме ’фсымӕр Савл, ды фӕндагыл куы уыдтӕ, уӕд дӕм Чи раргом, уыцы Бардарӕг Йесо мӕ рарвыста, цӕмӕй цӕстӕй ракӕсай ӕмӕ схайджын уай Сыгъдӕг Удӕй».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Апостолты хъуыддӕгтӕ 9:17
36 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Йосеф та сӕм дзуры: «Хӕстӕг мӕм ӕрбацӕут!» Куы йӕм бацыдысты, уӕд сын афтӕ: «Ӕз Йосеф дӕн, уе ’фсымӕр, Мысырмӕ кӕй ауӕй кодтат, уый.


Уӕд Йесомӕ ӕрбакодтой сывӕллӕтты, цӕмӕй сыл Йӕ къухтӕ ӕрӕвӕра ӕмӕ бакува, фӕлӕ Йӕм сӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ нӕ бауагътой.


ӕмӕ Йын балӕгъстӕ кодта: «Мӕ чызг мӕлгӕ кӕны; ӕрцу ӕмӕ йыл Дӕ къухтӕ авӕр, цӕмӕй сдзӕбӕх уа ӕмӕ цӕра».


Ӕмӕ уым Йӕ бон иу диссаг саразын дӕр нӕ уыд; ӕрмӕст цалдӕр рынчыныл Йӕ къухтӕ ӕрӕвӕрдта ӕмӕ сӕ сдзӕбӕх кодта.


Мариайы ныхасмӕ Елисаветӕйы гуыбыны йӕ сывӕллон базмӕлыд. Елисаветӕ Сыгъдӕг Удӕй схайджын ис


Иоанны фыд Захариа Сыгъдӕг Удӕй схайджын ис, пехуымпариуӕг кӕнын райдыдта ӕмӕ дзырдта:


Дӕу та, хъӕбул, схондзысты Иууылбӕрзонды пехуымпар, уымӕн ӕмӕ цӕудзынӕ Бардарӕджы разӕй, цӕмӕй Йын фӕндаг ӕрцӕттӕ кӕнай


Фӕлӕ дын хъахбайтимӕ дӕ мулк чи бахордта, дӕ уыцы фырт та дӕм куыддӕр фӕзынди, афтӕ йын хӕрзхаст род аргӕвстай“.


Фӕлӕ цины бӕрӕгбон саразын ӕмбӕлд, уымӕн ӕмӕ де ’фсымӕр уыди мард ӕмӕ райгас ис, уыди сӕфт ӕмӕ фӕзынди“».


абон Давиды сахары райгуырди уӕ Ирвӕзынгӕнӕг — Бардарӕг Чырысти.


Хуыцау израилаг адӕмӕн рарвыста Йӕ ныхас — Йесо Чырыстийы руаджы адӕмимӕ кӕй фидауы, уыцы Фарны Уац. Чырысти та у ӕппӕт адӕмы Бардарӕг.


Ком дарын ӕмӕ куывд куы фесты, уӕд Варнавӕ ӕмӕ Савлыл ӕрӕвӕрдтой сӕ къухтӕ ӕмӕ сӕ афӕндараст кодтой.


Ахуыргӕнинӕгтӕ та уыдысты йемыдзаг цинӕй ӕмӕ Сыгъдӕг Удӕй.


Павел сыл йӕ къухтӕ куы авӕрдта, уӕд Сыгъдӕг Удӕй схайджын сты, райдыдтой ӕндӕр ӕвзӕгтыл дзурын ӕмӕ пехуымпариуӕг кӕнын.


Се ’ппӕт дӕр схайджын сты Сыгъдӕг Удӕй ӕмӕ райдыдтой алы ӕвзӕгтыл дзурын, Уд сӕ куыд арӕзта, афтӕ.


Уыдон ӕм байхъуыстой, арфӕ ракодтой Хуыцауӕн ӕмӕ Павелӕн загътой: «Ӕфсымӕр, уыныс, цал мин иудейаджы баууӕндыди, уый! Ӕмӕ се ’ппӕт дӕр ӕнувыд сты Моисейы Ӕгъдауыл.


Ӕз бафарстон: „Чи дӕ, Бардарӕг?“ Бардарӕг загъта: „Ды Кӕй ӕфхӕрыс, уыцы Йесо.


Куы скуывтой, уӕд, кӕм уыдысты, уыцы бынат нынкъуысти, се ’ппӕтыл дӕр Сыгъдӕг Уд ӕртыхсти, ӕмӕ ӕдӕрсгӕ хъусын кодтой Хуыцауы ныхас.


Ӕркодтой сӕ апостолтӕм. Уыдон сын бакуывтой ӕмӕ сыл сӕ къухтӕ авӕрдтой.


Петр ӕмӕ сыл Иоанн ӕрӕвӕрдтой сӕ къухтӕ ӕмӕ уыдон Сыгъдӕг Удӕй схайджын сты.


Ӕмӕ йын цыма уайтагъд йӕ цӕстытӕй хӕрв систӕуыд, афтӕ ӕваст цӕстӕй ракасти, сыстад, ӕмӕ йыл саргъуыдӕуыд.


Чырысти сымахыл куыд ӕнувыд у, афтӕ ӕнувыд ут сымах дӕр кӕрӕдзиуыл Хуыцауы кадӕн.


Фыццаг адӕймаг у зӕххон, сыджытӕй конд, дыккаг Адӕймаг та — уӕларвон.


Се ’ппӕты фӕстӕ, ӕфтыддагмӕ фӕзынӕгау, фӕзынди мӕнмӕ дӕр.


Ау, ӕз апостол нӕ дӕн? Ау, ӕз сӕрибар нӕ дӕн? Ӕз нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы нӕ федтон, ӕви? Ӕз Бардарӕджы сӕраппонд цы фӕллой бакодтон, сымах уый не стут, ӕви?


Аргъуаны хистӕртӕ дыл сӕ къухтӕ куы ӕрӕвӕрдтой, уӕд дын пехуымпар ныхасмӕ гӕсгӕ Хуыцау цы курдиат радта, уымӕ уазал цӕстӕй ма кӕс.


Искӕуыл къух ӕрӕвӕрынмӕ ма батагъд кӕн, цӕмӕй ма схайджын уай кӕйдӕр тӕригъӕдӕй; дӕхи бахиз фӕчъизийӕ.


Уымӕ гӕсгӕ ма дын иу хатт зӕгъын: мӕ къухӕрӕвӕрды руаджы Хуыцау дӕуӕн кӕй радта, уыцы курдиаты арт ахуыссын ма бауадз.


цагъар дын мауал уа, фӕлӕ цагъарӕй уӕлдӕр — уарзон ӕфсымӕр. Ӕз ӕй бирӕ уарзын, фӕлӕ дӕуӕн та ноджы зынаргъдӕр суыдзӕн — куыд адӕймаг ӕмӕ Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы де ’фсымӕр.


алыхуызон аргъуыдтыл, къухтӕ ӕрӕвӕрыныл, мӕрдты райгасыл ӕмӕ мыггагмӕйы тӕрхоныл.


Ӕмӕ, нӕ Бардарӕг бирӕ кӕй быхсы, уый нымайут фервӕзыны фадатыл; нӕ уарзон ӕфсымӕр Павел дӕр уӕм Хуыцауӕй лӕвӕрд зондӕй уый тыххӕй фыста.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ