9 Сахары царди иу адӕймаг, йӕ ном — Симон. Уый раздӕр уыди кӕлӕнгӕнӕг ӕмӕ самариӕгты дисы ӕфтыдта йӕ кӕлӕнтӕй; йӕхицӕй стыр цыдӕр арӕзта.
Уӕд фараон фӕсидти йӕ куырыхонтӕм ӕмӕ йӕ кӕлӕнгӕнджытӕм, ӕмӕ Мысыры дӕсныфӕрсджытӕ дӕр хин ӕмӕ кӕлӕны руаджы афтӕ бакодтой:
Фӕлӕ Мысыры кӕлӕнгӕнджытӕн дӕр сӕ кӕлӕнты руаджы сӕ бон афтӕ бакӕнын баци, ӕмӕ та уӕд фараон ныддур кодта йӕ зӕрдӕ ӕмӕ нӕ байхъуыста Моисей ӕмӕ Ааронмӕ, Дунедарӕг куыд дзырдта, афтӕ.
Кӕлӕнгӕнджыты бон нал уыд Моисеимӕ сӕ тых ӕвзарын: уыдоны буар дӕр, иннӕ мысырӕгтау, хӕфдзӕстытӕ фестад.
Мӕрдтӕмсидджытӕм ӕмӕ дӕсныфӕрсджытӕм чи цӕуа, семӕ чи хӕта, уыдоны Мӕ азар баййафдзӕн.
Йӕхи номӕй дзурӕг йӕхи кадмӕ бӕллы. Йӕ Рарвитӕджы скадджын кӕнын Кӕй фӕнды, Уый та, ӕцӕг цы у, уый дзуры — мӕнгдзинад Ӕм нӕй.
Ахызтысты ӕгас сакъадахыл ӕмӕ бахӕццӕ сты Пафмӕ. Уым фембӕлдысты цавӕрдӕр иудейаг кӕлӕнгӕнӕг ӕмӕ мӕнгпехуымпарыл, йӕ ном — Вар-Йесо.
Фӕлӕ Вар-Йесо (хуыдтой ма йӕ Елима дӕр, ома кӕлӕнгӕнӕг) уыди сӕ ныхмӕ ӕмӕ архайдта ууыл, цӕмӕй сакъадахы хицау уырнындзинадмӕ ма ӕрцӕуа.
Ӕрӕджы Февдӕ ам февзӕрд, стыр лӕг арӕзта йӕхицӕй, ӕмӕ ма йемӕ баиу цыппарсӕдӕ адӕймаджы бӕрц. Фӕлӕ йӕ куы амардӕуыд, уӕд йӕ фӕдыл цӕуджытӕ иууылдӕр ныххӕлиу сты — ууыл ахицӕн хъуыддаг.
Хъусгӕ та йӕм уымӕн кодтой, ӕмӕ сӕ бирӕ рӕстӕджы дӕргъы йӕ кӕлӕнтӕй стыр дисы ӕфтыдта.
Уый йӕхи, хуыцаугондыл кӕнӕ табуйагыл цыдӕриддӕр нымадӕуы, уыдонӕй уӕлдӕр сӕвӕрдзӕн ӕмӕ сӕ ныхмӕ сыстдзӕни. Суанг Хуыцауы Кувӕндоны ӕрбаддзӕн ӕмӕ йӕхи расиддзӕни Хуыцауӕй.
Адӕм сӕхи ӕмӕ ӕхцайӕ дарддӕр ницы уарздзысты, уыдзысты хиппӕлой, хъал, гуырымыхъхъ, сӕ ныййарджытӕм нӕ хъусдзысты, ӕбузн, ӕнӕхуыцау.
Ӕдде бакӕсгӕйӕ сӕхи афтӕ ӕвдисдзысты, цыма Хуыцауы тынг нымайынц, химидӕг та Йыл сӕхи атигъ кӕндзысты. Ахӕмтӕм ӕмгӕрон ма цу.
Уыдон кӕнынц схъӕл ӕмӕ ницӕйаг ныхӕстӕ, чъизи монцты къӕппӕгӕй ахсынц, галиу фӕндагыл цӕуджытӕй нырма ӕрӕджы чи фӕхицӕн, ахӕмты.
Куыйтӕ ӕмӕ кӕлӕнгӕнджытӕ, хӕлд адӕм ӕмӕ лӕгмартӕ, мӕнгхуыцӕуттӕм кувджытӕ, стӕй, фӕливӕн митыл хӕст чи у ӕмӕ сӕ чи уарзы, уыдон та баззайдзысты ӕдде.