5 Филипп ацыди самариаг сахармӕ ӕмӕ адӕмӕн дзырдта Чырыстийы тыххӕй.
Фӕлӕ Сыгъдӕг Удӕй куы схайджын уат, уӕд уӕм фӕзындзӕни тых, ӕмӕ Мын ӕвдисӕнтӕ уыдзыстут Йерусалимы ӕмӕ ӕгас Иудейы, Самарийы ӕмӕ суанг арвы кӕрӕттӕм».
Дыккаг бон араст стӕм Кесаримӕ. Уым бацыдыстӕм, аргъуан цы авд лӕджы сӕвзӕрста, уыдонӕй иумӕ — Фарны Уац хъусынгӕнӕг Филиппы хӕдзармӕ, ӕмӕ уымӕ баззадыстӕм.
Алы бон дӕр Кувӕндоны ӕмӕ хӕдзари-хӕдзар иудадзыг амыдтой адӕмӕн ӕмӕ хъусын кодтой Йесо Чырыстийы Фарны Уац.
Уыцы фӕндон фӕцыди се ’ппӕты зӕрдӕмӕ дӕр, ӕмӕ сӕвзӕрстой Стефаны, уырнындзинад ӕмӕ Сыгъдӕг Удӕй хайджын лӕджы, Филиппы, Прохоры, Никаноры, Тимоны, Пармены, стӕй муртаттӕгтӕй иудейаг динмӕ ӕрцӕуӕг антиохиаг Никколайы.
Стефаны кӕй амардтой, уый Савл растыл нымадта. Уыцы бонӕй фӕстӕмӕ Йерусалимы аргъуаны уӕнгты тынг ӕфхӕрын райдыдтой, ӕмӕ, апостолтӕй фӕстӕмӕ, се ’ппӕт дӕр ныххӕлиу сты Иудей ӕмӕ Самарийы алы къуымты.
Филиппӕн та Хуыцауы зӕд загъта: «Бавдӕл ӕмӕ ацу хуссармӕ, Йерусалимӕй Газӕмӕ цы фӕндаг ис, цӕуӕг кӕуыл нӕй, уырдӕм».
Филипп къареты цурмӕ куы базгъордта, уӕд фехъуыста, эфиопаг пехуымпар Исайайы чиныг куыд касти, уый. Уӕд ӕй бафарста: «Цы кӕсыс, уый ӕмбарыс?»
Филипп та февзӕрди Азоты ӕмӕ, йӕ фӕндагыл цӕугӕйӕ, ӕппӕт сахарты хъусын кодта Фарны Уац, цалынмӕ Кесаримӕ бахӕццӕ, уӕдмӕ.
Филипп цы диссӕгтӕ арӕзта, уыдоны тыххӕй адӕм хъусгӕ дӕр кодтой ӕмӕ сӕ цӕстӕй дӕр уыдтой, уымӕ гӕсгӕ йӕм хъуыстой лӕмбынӕг.
Синагогӕты ӕвӕстиатӕй райдыдта амонын, Йесо Хуыцауы Фырт у, зӕгъгӕ.
мах та хъусын кӕнӕм дзуарылтыгъд Чырыстийы тыххӕй, ӕмӕ нӕ ныхас иудейӕгтӕн цӕлхдур у, муртаттӕгтӕ та йӕ ӕдылыйыл нымайынц.
Уымӕн ӕмӕ мӕ уынаффӕ уыди, цалынмӕ сымахмӕ дӕн, уӕдмӕ Йесо Чырыстийы йеддӕмӕ, уыимӕ дзуарылтыгъд Йесо Чырыстийы йеддӕмӕ, ницы зонын.
Бындур ӕвӕрд у, ӕмӕ ӕндӕр бындур сӕвӕрын никӕй бон у, уымӕн ӕмӕ ӕвӕрд бындур Йесо Чырысти у.