Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 8:35 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

35 Филипп бавнӕлдта амонынмӕ. Райдыдта Сыгъдӕг Фысты уыцы бынатӕй ӕмӕ йын радзырдта Фарны Уац Йесойы тыххӕй.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Апостолты хъуыддӕгтӕ 8:35
20 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнын райдыдта:


Ӕмӕ сын, Моисей ӕмӕ ӕппӕт пехуымпартӕй райдайгӕйӕ, бамбарын кодта, ӕппӕт Фыстыты Йӕхи тыххӕй цы загъд ис, уыдӕттӕ.


Петр райдыдта дзурын: «Ныр ӕз ӕцӕг базыдтон, Хуыцау кӕй никӕй хъулон кӕны, уый.


Фӕлӕ уыдонӕй иуӕй-иутӕ уыдысты кипрӕгтӕ ӕмӕ киренӕйӕгтӕ; ӕмӕ Антиохимӕ куы ӕрцыдысты, уӕд муртаттӕгтӕн дӕр хъусын кодтой Фарны Уац Бардарӕг Йесойы тыххӕй.


Эпикурион ӕмӕ стоикон философтӕй иуӕй-иутӕ райдыдтой йемӕ быцӕу кӕнын. Сӕ иутӕ дзырдтой: «Цы зӕгъынмӕ хъавы уыцы дзӕгъӕлдзых?» Иннӕтӕ та: «Ӕнхъӕлдӕн, уый ӕцӕгӕлон хуыцӕуттыл ӕууӕндын кӕны». Уымӕн ӕмӕ сын Павел дзырдта Фарны Уац Йесойы тыххӕй ӕмӕ сын кодта мӕрдтӕй райгасы кой.


Ӕппӕт адӕмы раз-иу йӕ тыхджын ныхасӕй басаста иудейӕгты — Сыгъдӕг Фысты фӕрцы ӕмбарын кодта, Йесо Чырысти кӕй у, уый.


Иудейаг хӕтӕг кӕлӕнгӕнджытӕй дӕр иуӕй-иутӕ ацархайдтой Бардарӕг Йесойы номӕй пайда кӕныныл — дӕлимонты-иу куы сырдтой, уӕд дзырдтой: «Бардзырд уын дӕттӕм, Павел Кӕй тыххӕй дзуры, уыцы Йесойы номӕй».


Иудейӕгтӕ баныхас кодтой Павелимӕ, цы бон фембӕлдзысты, уый тыххӕй; ӕмӕ кӕм ӕрбынатон, уырдӕм ӕрцыдысты ноджы фылдӕрӕй. Павел сын райсомӕй изӕрмӕ дзырдта Хуыцауы Паддзахады тыххӕй, Моисейы Ӕгъдауӕй ӕмӕ пехуымпарты чингуытӕй сын хаста ӕвдисӕйнӕгтӕ Йесойы тыххӕй ӕмӕ афтӕмӕй архайдта баууӕндын сӕ кӕныныл.


Уӕд уын Дунедарӕг саккаг кӕндзӕн сног кӕныны рӕстӕджытӕ ӕмӕ уын рарвитдзӕни нысангонд Йесо Чырыстийы.


Алы бон дӕр Кувӕндоны ӕмӕ хӕдзари-хӕдзар иудадзыг амыдтой адӕмӕн ӕмӕ хъусын кодтой Йесо Чырыстийы Фарны Уац.


Евнух бафарста Филиппы: «Курын дӕ, ӕмӕ мын зӕгъ: пехуымпар афтӕ кӕй тыххӕй зӕгъы? Йӕхи ӕви ӕндӕр искӕй тыххӕй?»


Синагогӕты ӕвӕстиатӕй райдыдта амонын, Йесо Хуыцауы Фырт у, зӕгъгӕ.


мах та хъусын кӕнӕм дзуарылтыгъд Чырыстийы тыххӕй, ӕмӕ нӕ ныхас иудейӕгтӕн цӕлхдур у, муртаттӕгтӕ та йӕ ӕдылыйыл нымайынц.


Уымӕн ӕмӕ мӕ уынаффӕ уыди, цалынмӕ сымахмӕ дӕн, уӕдмӕ Йесо Чырыстийы йеддӕмӕ, уыимӕ дзуарылтыгъд Йесо Чырыстийы йеддӕмӕ, ницы зонын.


Коринфӕгтӕ, мах уын ӕргомӕй дзурӕм, гом уын сты нӕ зӕрдӕтӕ.


Уымӕн ӕмӕ сымах фехъуыстат Йесойы тыххӕй ӕмӕ Йӕ фӕрцы ӕцӕгадыл сахуыр стут, уымӕн ӕмӕ ӕцӕгад ис Чырыстийы мидӕг.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ