Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 8:33 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

33 Бафхӕрдтой Йӕ, раст тӕрхон Ын нӕ рахастой. Йӕ байзӕддӕгты тыххӕй Йын чи цы зоны, кӕд ӕмӕ Йын айстой Йӕ цард зӕххӕй?».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Апостолты хъуыддӕгтӕ 8:33
17 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

«Цардӕгас у Хуыцау, раст тӕрхоны аккаг мӕ Чи не скодта, Цардӕгас у Ӕппӕтхъомыс, хъизӕмӕртты хай мӕ Чи фӕкодта!


Мӕнӕ Иов загъта, ӕз, дам, раст дӕн, Хуыцау та мын мӕ хъуыддаг не ’взары.


цӕмӕй Мӕ адӕмы мӕгуыртӕн ӕмӕ ӕнӕбонтӕн раст тӕрхон ма кӕной, сӕ бартӕ сын ссӕндой, идӕдз устыты, сидзӕр сабиты стигъой.


Уыдон гӕртамы фӕрцы азымджыны сраст кӕнынц, раст лӕджы та фӕзылын кӕнынц.


Дунедарӕджы фӕндӕй уыди Йӕ удхар, Уый Йын схай кодта хъизӕмӕрттӕ. Тӕригъӕды нывондӕн Ӕй куы ӕрхӕссай, уӕд фендзӕни Йӕ цоты, бирӕ фӕцӕрдзӕн ӕмӕ Дунедарӕджы фӕндон сӕххӕст кӕндзӕн.


Уымӕ гӕсгӕ Йын бирӕтимӕ ратдзынӕн хай, хъомысджынтимӕ байуардзӕни ӕфтиаг, уымӕн ӕмӕ Йӕхицӕн равзӕрста мӕлӕт. Фыдгӕнджыты хыгъдмӕ Йӕ бахастӕуыд, афтӕмӕй та Йӕхимӕ райста бирӕты тӕригъӕд, фыдгӕнджытӕн сси хатыркурӕг».


Карз Ӕй ӕфхӕрдтой, фӕлӕ Уый ӕдзӕмӕй лӕууыди, ӕргӕвдынмӕ кӕй ракӕнынц, уыцы уӕрыккау, ӕлвынгӕ кӕй фӕкӕнынц, уыцы фысау. Хъыпп-сыпп дӕр не скодта.


Ӕрцахстой Йӕ ӕмӕ Йын раст тӕрхон нӕ рахастой. Айстой Йын Йӕ цард, Йӕ адӕмы фыдракӕндты тыххӕй Йӕ амардтой. О, фӕлӕ адӕмӕй Йӕ хъысмӕт кӕй ӕндӕвта?


Авд хатты ӕхсай дыууӕ азы куы рацӕуа, уӕд Байсӕрсты амардӕуыдзӕн, ӕмӕ Йӕм ницы азым уыдзӕн. Ӕрбабырсӕг фӕтӕджы адӕм сахар дӕр ӕмӕ Кувӕндон дӕр ныппырх кӕндзысты. Фӕтӕджы сӕфт та уыдзӕни стыр бӕллӕхау, ӕмӕ уыцы фыдӕвзарӕн дуджы кӕронмӕ хӕст нӕ банцайдзӕн, рагацау куыд нысангонд уыдис, афтӕ.


Ӕгъдау йӕ тых дӕр уымӕн фесӕфта, рӕстдзинад нал ис. Ӕнӕхуыцау фӕуӕлахиз рӕстгӕнӕгыл, раст тӕрхон сзыгъуыммӕ ис.


«О кард! Сыст Мӕ фыййауыл, ӕввахс Мӕм чи лӕууы, ууыл! — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. — Ӕрцӕв фыййауы, ӕмӕ фыстӕ ныххӕлиу уой! Ӕз Мӕ къух уӕрыччытӕм сисдзынӕн.


Евнух бафарста Филиппы: «Курын дӕ, ӕмӕ мын зӕгъ: пехуымпар афтӕ кӕй тыххӕй зӕгъы? Йӕхи ӕви ӕндӕр искӕй тыххӕй?»


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ