Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 8:20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

20 Петр ын дзуапп радта: «Де ’хца демӕ фесӕфӕд, уымӕн ӕмӕ ды афтӕ ӕнхъӕл дӕ, цыма Хуыцауы хорзӕхӕн ӕхцайӕ балхӕнӕн ис.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Апостолты хъуыддӕгтӕ 8:20
23 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Дунедарӕгӕн фыдвӕндтӕ ӕлгъаг сты, хӕларзӕрдӕ ныхӕстӕ сыгъдӕг сты Йӕ разы.


«Дойны кӕмӕн у — ардӕм рацӕуӕнт ӕмӕ нуазӕнт! Ӕхца уӕ кӕмӕ нӕй — ардӕм рацӕуӕнт ӕмӕ лӕвар исӕнт сӕн ӕмӕ ӕхсыр! Ӕхца фидын сын нӕ хъӕуы.


Даниил паддзахӕн дзуапп радта: «Паддзах, дӕ лӕвӕрттӕ ӕмӕ дӕ хӕрзиуджытӕ дӕхи уӕнт. Ӕз дын ӕнӕ уымӕй дӕр ацы фыст бакӕсдзынӕн ӕмӕ, цы нысан кӕны, уый зӕгъдзынӕн.


Уыцы ӕлгъыст Мӕнӕй рацыд, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — ӕмӕ алы давӕджы, стӕй, Мӕ номӕй мӕнг сомы чидӕриддӕр ракӕны, уымӕн йӕ хӕдзармӕ уыцы ӕлгъыст бацӕудзӕн ӕмӕ йӕ ныззыгуым кӕндзӕн, дур ӕмӕ дзы фӕйнӕг нал баззайдзӕн».


Дзӕбӕх кӕнут рынчынты, ӕгас кӕнут мӕрдты, сыгъдӕг кӕнут хъотырджынты, сурут дӕлимонты. Лӕвар райстат — лӕвар дӕттут.


Уымӕн ӕмӕ зӕрдӕйӕ цӕуынц фыдвӕндтӕ — марын, бинойнагыл сайдӕй цӕуын, ӕнӕуаг митӕ кӕнын, давын, мӕнгӕвдисӕн лӕууын, хахуыр.


Йӕ фыдракӕндӕн цы ӕхца райста, уымӕй зӕхх балхӕдта, фӕлӕ сӕрбынмӕ ӕрхауди, ӕмӕ йӕ гуыбын атыдта, йӕ хуылфыдзаумӕттӕ ракалдысты ӕддӕмӕ.


Петримӕ чи ӕрцыд, уыцы уырнджытӕ сунӕтгӕндтӕ уыдысты; ӕмӕ муртаттӕгтӕ дӕр Сыгъдӕг Удӕй кӕй схайджын сты, уый сӕ дисы бафтыдта.


Мах Бардарӕг Йесо Чырыстийыл куы баууӕндыдыстӕм, уӕд нын Хуыцау кӕй радта, кӕд муртаттӕгтӕн дӕр ахӕм лӕвар ракодта, уӕд ӕз чи дӕн, ӕмӕ Хуыцауы ныхмӕ ӕрлӕууон?»


Петр сын дзуапп радта: «Ӕрфӕсмон кӕнут уӕ тӕригъӕдтыл, ӕмӕ уын цӕмӕй хатыргонд ӕрцӕуой, уый тыххӕй уӕ алчидӕр Йесо Чырыстийы номыл аргъуыд райсӕд, ӕмӕ уӕд Сыгъдӕг Удӕй схайджын уыдзыстут.


ӕмӕ загъта: «Раттут мӕнӕн дӕр тых, цӕмӕй-иу, ӕз дӕр мӕ къухтӕ кӕуыл ӕрӕвӕрон, уый схайджын уа Сыгъдӕг Удӕй».


Уӕдӕ ӕрфӕсмон кӕн дӕ ацы тӕригъӕдыл, кув Бардарӕгмӕ, ӕмӕ дын, чи зоны, дӕ зӕрдӕйы фыдвӕнд ныххатыр кӕна.


Ӕвдӕм аз, хӕстӕ барыны аз, ӕрбахӕццӕ кӕны, зӕгъгӕ, уӕд ӕнаккаг хъуыды ма бахъуызӕд дӕ зӕрдӕмӕ ӕмӕ дӕ мӕгуыр ӕфсымӕрыл дӕхи ма атигъ кӕн: йӕ дзыназын Дунедарӕгмӕ фехъуысдзӕн, ӕмӕ тӕригъӕды бацӕудзынӕ.


Ӕлгъаг дзаума ма бахӕссут уӕ хӕдзармӕ, науӕд уӕхӕдӕг дӕр ӕлгъыстаг фӕуыдзыстут йемӕ; ахӕм дзауматӕй уӕхи хизут, ӕлгъ сыл кӕнут — ӕлгъыстаг сты уыдон.


Бирӕ мулкмӕ чи бӕллы, уыдон та бахауынц къӕппӕджы, фӕлварӕнты, ӕмӕ фӕвӕййынц, бӕллӕх ӕмӕ бынсӕфтмӕ чи ӕркӕны, бирӕ ахӕм ӕнӕзонд ӕмӕ фыдбылызы мондӕгты амӕттаг.


Уӕ сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзист сызгӕ сты, се згӕ уӕ ныхмӕ ӕвдисӕн уыдзӕн ӕмӕ уын артау бахӕрдзӕн уӕ буар. Уӕ хӕзнатӕ ӕрӕмбырд кодтат рӕстӕджы кӕрон!


Ӕппӕт уыдӕттӕй сӕудӕджер чи кодта ӕмӕ йӕ фӕрцы чи схъӕздыг ис, уыдон дӕрддзӕф лӕудзысты, — стыр тас сыл бахӕцдзӕн, йӕ хъизӕмӕрттӕм кӕсгӕйӕ. Кӕудзысты ӕмӕ дзыназдзысты:


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ