Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 7:58 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

58 Ракодтой йӕ фӕссахармӕ ӕмӕ йыл дурадзагъдӕй ралӕууыдысты. Ӕвдисӕнтӕ та сӕ пӕлӕзтӕ ныууагътой, йӕ ном Савл кӕмӕн уыд, уыцы лӕппуимӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Апостолты хъуыддӕгтӕ 7:58
17 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ӕрбацыдысты дыууӕ цъаммар лӕджы, Навотӕн йӕ бакомкоммӕ ӕрбадтысты ӕмӕ йӕ ныхмӕ мӕнгӕвдисӕн ныллӕууыдысты, Хуыцау ӕмӕ паддзахы ӕлгъыста, зӕгъгӕ. Стӕй йӕ фӕссахармӕ ракодтой ӕмӕ йӕ уым дурты бын фӕкодтой.


Дунедарӕг загъта Моисейӕн: «Ацы адӕймаг маринаг у. Дзыллӕ йӕ дурты бын фӕкӕнӕнт рӕсӕнуаты ӕдде».


Сӕ бынӕттӕй фестадысты ӕмӕ Йӕ, сӕ сахар цы хохыл уыди, уый сӕрмӕ акодтой, цӕмӕй йӕ рындзӕй аппарой.


Де ’вдисӕн Стефаны куы мардтой, уӕд уый дӕр ӕз нымадтон растыл; лӕууыдтӕн уым ӕмӕ хъахъхъӕдтон йӕ марджыты пӕлӕзтӕ“.


Адӕм хъӕр систой, сӕ пӕлӕзтӕ хӕрдмӕ ӕппӕрстой ӕмӕ рыг калдтой уӕлӕмӕ.


Ӕз ӕфхӕрдтон, ацы фӕндагыл чи цыди, уыдоны, сӕ амарыныл дӕр нӕ ауӕрстон, ахстон нӕлгоймӕгты дӕр ӕмӕ сылгоймӕгты дӕр ӕмӕ сӕ кодтон ахӕстоны.


Ӕмӕ уӕвгӕ дӕр афтӕ кодтон Йерусалимы. Алчертӕй бар райстон, афтӕмӕй бирӕ сыгъдӕджыты бакодтон ахӕстӕтты; мӕлӕты тӕрхон сын-иу куы хастой, уӕд хъӕлӕс кодтон сӕ амарыныл.


Уӕд кӕйдӕрты сардыдтой, ӕмӕ уыдон загътой: «Мах фехъуыстам, Моисей ӕмӕ Хуыцауы куыд фаудта, уый».


Цы мӕнгӕвдисӕнтӕ ӕрбахуыдтой, уыдон дзырдтой: «Ацы адӕймаг иудадзыг дзуры рухс Кувӕндон ӕмӕ Моисейы Ӕгъдауы ныхмӕ.


Уӕд уыдон иууылдӕр иумӕ ныхъхъӕр кодтой, сӕ хъустӕ ахгӕдтой ӕмӕ йыл ӕмхуызонӕй сӕхи ныццавтой.


Стефаны кӕй амардтой, уый Савл растыл нымадта. Уыцы бонӕй фӕстӕмӕ Йерусалимы аргъуаны уӕнгты тынг ӕфхӕрын райдыдтой, ӕмӕ, апостолтӕй фӕстӕмӕ, се ’ппӕт дӕр ныххӕлиу сты Иудей ӕмӕ Самарийы алы къуымты.


Сӕ къух ӕм хъуамӕ фыццаг ӕвдисӕнтӕ сисой, уый фӕстӕ та — адӕм. Фесафут уе ’хсӕнӕй фыддзинад!


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ