Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 7:38 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

38 Уыцы Моисей уыди ӕдзӕрӕг быдыры, Израилы адӕм кӕм ӕрӕмбырд сты, уым. Уый уыди, Синайы хохыл йемӕ цы зӕд дзырдта, уыимӕ, стӕй нӕ фыдӕлтимӕ, ӕмӕ райста царддӕттӕг ныхӕстӕ, цӕмӕй сӕ махмӕ фӕхӕццӕ кӕна.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Апостолты хъуыддӕгтӕ 7:38
26 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Нӕ хъынцъымы нӕ никуы ныууагъта, Йӕ зӕды-иу нӕм рарвыста ӕххуысмӕ. О, фыдау ныл ауды незамантӕй нырмӕ. Уарзы нӕ ӕмӕ нӕ ирвӕзын кӕны бӕллӕхӕй.


уымӕн ӕмӕ нын Ӕгъдау Моисейы фӕрцы лӕвӕрд уыд, Хуыцауы хорзӕх, фарн ӕмӕ ӕцӕгад та нын раргом кодта Йесо Чырысти.


Хуыцауы Уд царддӕттӕг у, адӕймаг та ӕдых у. Ӕз уын цы ныхӕстӕ дзурын, уыдоны царддӕттӕг Уды хъару ис.


Дыууиссӕдз азы фӕстӕ йӕм Синайы хохмӕ хӕстӕг ӕдзӕрӕг быдыры, судзгӕ сындзкъутӕры арты ӕвзӕгты, фӕзынди зӕд.


Дӕу махӕн хицау ӕмӕ тӕрхоны лӕгӕй чи сӕвӕрдта, зӕгъгӕ, уыцы ныхӕстимӕ сӕхи кӕуыл атигъ кодтой, уыцы Моисейы ныр Хуыцау рарвыста хицау ӕмӕ тӕрхонгӕнӕгӕй, сындзкъутӕрӕй йӕм цы зӕд раргом ис, уый фӕрцы.


Ӕгъдау райстат зӕдты фӕрцы, ӕмӕ йӕ нӕ сӕххӕст кодтат».


Бӕгуыдӕр. Стыр пайда у алцыппӕтӕй дӕр. Сӕйрагдӕр уый у, ӕмӕ Хуыцау Йӕ ныхӕстӕ уыдоны ӕвджид бакодта.


Уыдон израилӕгтӕ сты; Хуыцау сӕ Йӕхицӕн хъӕбултӕ скодта, Йӕ кад сын раргом кодта, семӕ фидыдтӕ сарӕзта, радта сын Ӕгъдау, Хуыцаумӕ кувыны уаг, зӕрдӕтӕ сын бавӕрдта.


Уӕдӕ Ӕгъдау цӕй тыххӕй у? Хуыцау ӕй фӕстӕдӕр уӕлӕмхасӕнӕн радта адӕмы фыдракӕндты тыххӕй, зӕрдӕ Кӕмӕн бавӕрдӕуыд, уыцы Байзӕддаг цалынмӕ ӕрцӕуа, уӕдмӕ. Ӕгъдау ӕвӕрд ӕрцыди зӕдты ӕххуысӕй ӕмӕ ӕхсӕнылӕджы фӕрцы.


Моисей нын радта Ӕгъдау, Йаковы дзыллӕйы исбон.


Уымӕн ӕмӕ, зӕдты уылты цы уац фӕхӕццӕ ис, уым кӕд уый бӕрц хъару уыди, ӕмӕ-иу Ӕгъдау фехалын ӕмӕ коммӕ нӕ бакӕсыны тыххӕй адӕймаг алкӕддӕр аккаг ӕфхӕрд баййӕфта,


Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы ныхас цардӕгас ӕмӕ хъомысджын у, цавӕрфӕнды дыкомыг ӕхсаргардӕй цыргъдӕр: уый бахизы, уд ӕмӕ моны астӕу цы арӕн ис, уымӕ, стджыты магъз ӕмӕ ӕрхӕджытӕм бахӕццӕ вӕййы, тӕрхон кӕны сусӕг фӕндтӕ ӕмӕ хъуыдытӕн.


Цас рӕстӕг рацыди, уымӕ гӕсгӕ ныр уӕхицӕн ӕмбӕлы ахуыргӕнджытӕ уӕвын, сымах та нырма ахуыргӕнджыты сӕр хъӕуы, цӕмӕй уын амоной Хуыцауы дзырды абетӕ. Хъӕбӕр хойраг нӕ, фӕлӕ та ӕхсыр хъуамӕ суа ногӕй уӕ хӕринаг.


Чи амоны, уый амонӕд Хуыцауы ныхас; чи лӕггад кӕны, уый лӕггад кӕнӕд, Хуыцау ын цы хъару дӕтты, уымӕй — уӕ алы хъуыддагӕй дӕр Йесо Чырыстийы фӕрцы Хуыцау куыд скадджын уа, афтӕ. Кад ӕмӕ Йын паддзахад уӕд мыггагӕй-мыггагмӕ! Аммен.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ