Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 6:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 Мах, цы дзырдта, уый фехъуыстам: ацы Назаретаг Йесо, дам, ныппырх кӕндзӕн ацы бынат ӕмӕ аивдзӕн, Моисейы фӕрцы кӕй райстам, уыцы ӕгъдӕуттӕ».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Апостолты хъуыддӕгтӕ 6:14
33 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ме ’взӕрстытӕ уӕ номӕй пайда кӕндзысты ӕлгъыстӕн, Дунедарӕг Хуыцау уӕ мӕлӕты хай бакӕндзӕн, Йӕ цагъартӕн та ратдзӕни ног ном.


Йеремиа уӕздӕттӕ ӕмӕ ӕппӕт адӕмӕн загъта: «Ацы хӕдзар ӕмӕ ацы сахары ныхмӕ пехуымпариуӕг кӕнынмӕ, стӕй, цыдӕриддӕр фехъуыстат, уыдӕттӕ дзурынмӕ мӕн рарвыста Дунедарӕг.


«Иудейы паддзах Езекиайы заман пехуымпариуӕг кодта Морешетаг Миха. Уый ӕппӕт иудейӕгтӕн дзырдта: „Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: Сион быдырау бахуым кӕндзысты, Йерусалим хӕлддзӕгты кӕри фестдзӕн, ацы Кувӕндон цы хохыл арӕзт ӕрцыд, уый та фестдзӕнис хъӕд“.


Авд хатты ӕхсай дыууӕ азы куы рацӕуа, уӕд Байсӕрсты амардӕуыдзӕн, ӕмӕ Йӕм ницы азым уыдзӕн. Ӕрбабырсӕг фӕтӕджы адӕм сахар дӕр ӕмӕ Кувӕндон дӕр ныппырх кӕндзысты. Фӕтӕджы сӕфт та уыдзӕни стыр бӕллӕхау, ӕмӕ уыцы фыдӕвзарӕн дуджы кӕронмӕ хӕст нӕ банцайдзӕн, рагацау куыд нысангонд уыдис, афтӕ.


Уымӕн ӕмӕ израилӕгтӕ бирӕ рӕстӕг баззайдзысты ӕнӕ паддзахӕй, ӕнӕ ӕлдарӕй ӕмӕ ӕнӕ нывондӕй; ӕнӕ нывондхӕссӕнӕй, ӕнӕ ефодӕй, ӕнӕ хӕдзарон хуыцаугондӕй.


Сымах тыххӕй Сион быдырау бахуым кӕндзысты, Йерусалим дуррӕдзӕгъдтӕ фестдзӕни, Кувӕндон цы хохыл лӕууы, уый та бӕлӕсты бын фӕуыдзӕни.


Дӕ кулдуар байгом кӕн, Ливан! Уадз аныхъуыра пиллон арт дӕ кедртӕ!


Ӕз ӕппӕт адӕмты Йерусалимы ныхмӕ хӕстмӕ сыстын кӕндзынӕн, ӕмӕ сахар бацахсдзысты. Йӕ хӕдзӕрттӕ йын сафтид кӕндзысты, сылгоймӕгты фӕхудинаг кӕндзысты, сахары цӕрджытӕн се ’рдӕг уацары ацӕудзӕн; фӕлӕ сахары иннӕ хай фервӕздзӕнис.


ӕмӕ загътой: «Уый дзырдта: „Мӕ бон у Хуыцауы Кувӕндон фехалын ӕмӕ йӕ ӕртӕ бонмӕ саразын“».


«Мах нӕхи хъустӕй фехъуыстам, Уый афтӕ кӕй дзырдта: „Ӕз ацы Кувӕндон — адӕймаг кӕй сарӕзта, уый — фехалдзынӕн ӕмӕ ӕртӕ бонмӕ сараздзынӕн ӕндӕр, адӕймаджы къухӕй конд чи нӕ уа, ахӕм“».


Кардылӕфтыд фӕуыдзысты ӕмӕ фӕцагъды уыдзысты, алы бӕстӕтӕм сӕ уацары фӕкӕндзысты. Муртаттӕгтӕ Йерусалимы сахар сӕ къӕхты бын ссӕнддзысты, цалынмӕ сӕ рӕстӕг фӕуа, уӕдмӕ.


«Ралӕудзӕн ахӕм рӕстӕг ӕмӕ, ам, цы уынут, уыдонӕй дур дурыл нал баззайдзӕн, иууылдӕр ныппырх уыдзысты».


Йесо сын дзуапп радта: «Фехалут ацы Кувӕндон, ӕмӕ йӕ Ӕз ӕртӕ бонмӕ сараздзынӕн».


Йесо та йӕм дзуры: «Баууӕнд Мыл, сылгоймаг, ӕрцӕуы ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ нӕ уӕларвон Фыдмӕ нӕдӕр ацы хохыл кувдзыстут, нӕдӕр Йерусалимы.


Иудейӕ чидӕртӕ ӕрбацыд ӕмӕ ӕфсымӕртӕн райдыдтой амонын: «Моисейы Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ сунӕт куынӕ скӕнат, уӕд нӕ фервӕздзыстут».


Дӕу тыххӕй сын радзырдтой, зӕгъгӕ, муртаттӕгты ӕхсӕн чи цӕры, уыцы иудейӕгты ды се ’ппӕты дӕр ахуыр кӕныс Моисейы Ӕгъдау ныууадзыныл, сӕ сывӕллӕттӕн сунӕт нӕ кӕныныл ӕмӕ не ’гъдӕуттӕм гӕсгӕ нӕ цӕрыныл.


Павел йӕхи сраст кӕнынӕн загъта: «Ӕз иу тӕригъӕд дӕр нӕ ракодтон нӕдӕр иудейаг Ӕгъдауы ныхмӕ, нӕдӕр Кувӕндоны ныхмӕ, нӕдӕр кесӕры ныхмӕ».


Уӕлдайдӕр та уымӕн, ӕмӕ ды хорз зоныс иудейӕгты ӕппӕт ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ дзырддаг фӕрстытӕ. Уымӕ гӕсгӕ дӕ курын, фӕразонӕй мӕм байхъус.


Ӕртӕ боны фӕстӕ Павел ӕрхуыдта дзырддзӕугӕ иудейӕгты. Куы ӕрӕмбырд сты, уӕд сын загъта: «Ӕфсымӕртӕ, нӕ адӕмы ныхмӕ ӕмӕ нӕ фыдӕлты ӕгъдӕутты ныхмӕ ӕвзӕрӕй ницы сарӕзтон, фӕлӕ мӕ Йерусалимы ӕрцахстой ӕмӕ мӕ радтой ромӕгты къухмӕ.


Уӕдӕ Ӕгъдау цӕй тыххӕй у? Хуыцау ӕй фӕстӕдӕр уӕлӕмхасӕнӕн радта адӕмы фыдракӕндты тыххӕй, зӕрдӕ Кӕмӕн бавӕрдӕуыд, уыцы Байзӕддаг цалынмӕ ӕрцӕуа, уӕдмӕ. Ӕгъдау ӕвӕрд ӕрцыди зӕдты ӕххуысӕй ӕмӕ ӕхсӕнылӕджы фӕрцы.


Уырнындзинады ӕрцыдмӕ та ахст уыдыстӕм, ӕмӕ нӕ Ӕгъдау хъахъхъӕдта, ӕрцӕуинаг цы уырнындзинад уыди, цалынмӕ уый раргом, уӕдмӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ