Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 5:28 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

28 «Мах уын фидарӕй нӕ загътам, уыцы Адӕймаджы номӕй адӕмы мауал ахуыр кӕнут, зӕгъгӕ? Сымах та ӕгас Йерусалимы ахӕлиу кодтат уӕ ахуырад. Уыимӕ ма Йын Йӕ мӕлӕт дӕр хъуамӕ мах ӕфсон фӕкӕнат».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Апостолты хъуыддӕгтӕ 5:28
16 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ахав Илийайӕн загъта: «Ссардтай мӕ, ме знаг!» Уый йын дзуапп радта: «Ссардтон дӕ, уымӕн ӕмӕ, Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы митӕ сты, уыдоныл бафтыдтӕ.


Израилы паддзах ын дзуапп радта: «Ис ма иу лӕг, Дунедарӕджы нын чи бафӕрсид, уый. Фӕлӕ дзы ӕз ме сӕфт уынын, уымӕн ӕмӕ мын хӕрзмӕ нӕ, фӕлӕ фыдбылызмӕ пехуымпариуӕг фӕкӕны. Уый у Имлайы фырт Миха». Иосафат ын загъта: «Паддзахыл ахӕм ныхӕстӕ нӕ фидауынц».


Фӕлӕ зонут: куы мӕ амарат, уӕд уӕхи дӕр, стӕй ацы сахар ӕмӕ йе ’ппӕт цӕрджыты дӕр ӕнаххос адӕймаджы тугӕй фӕчъизи кӕндзыстут! Уымӕн ӕмӕ, ӕцӕг уын зӕгъын, ацы ныхӕстӕ уын хъӕлӕсыдзагӕй фехъусын кӕнынмӕ мӕн рарвыста Дунедарӕг».


Уӕд уӕздӕттӕ паддзахӕн загътой: «Ацы лӕджы амарын хъӕуы. Ахӕм ныхӕстӕй, сахары ма цы хӕстонтӕ баззад, уыдонӕн ӕмӕ иннӕ адӕмӕн сӕ хъару лӕмӕгъ кӕны. Йӕ зӕрдӕ адӕмӕн хорзӕй ницы зӕгъы, се сӕфтмӕ бӕллы».


Вефилы сауджын Амациа паддзах Йеровоаммӕ минӕвары арвыста ахӕм уацимӕ: «Амос израилӕгты дӕ ныхмӕ аразы, зӕхх нал уромы йӕ ныхӕстӕ.


Уыцы дурыл чи ӕрхауа, уый ныппырх уыдзӕн, йӕхӕдӕг кӕуыл ӕрхауа, уый та ныцъцъист уыдзӕн йӕ быны».


Адӕм ын ӕмхъӕлӕсӕй дзуапп радтой: «Йӕ туг махӕн ӕмӕ нӕ зӕнӕгӕн фидинаг фӕуӕд!»


Иууылдӕр бакастысты Гамалиилы коммӕ, фӕдзырдтой апостолтӕм ӕмӕ сӕ фӕнӕмын кодтой. Уый фӕстӕ сын тызмӕгӕй бафӕдзӕхстой, цӕмӕй Йесойы номӕй мауал дзурой, ӕмӕ сӕ рауагътой.


Уӕ фыдӕлтӕ пехуымпартӕй кӕцыйы не ’фхӕрдтой? Уыдон амардтой, Рӕстгӕнӕджы ӕрцыды тыххӕй рагагъоммӕ чи загъта, уыцы адӕймӕгты. Сымах та ныр Рӕстгӕнӕгӕн Йӕхиуыл рацыдыстут гадзрахатӕй ӕмӕ Йӕ амардтат!


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ