17 Фӕлӕ цӕмӕй адӕмыл ноджы тынгдӕр ма айхъуыса, уый тыххӕй сӕм бартхъирӕн кӕнӕм, нырӕй фӕстӕмӕ Йесойы ном сӕ дзыхӕй куыд макӕй раз схауа».
Уӕд уӕздӕттӕ паддзахӕн загътой: «Ацы лӕджы амарын хъӕуы. Ахӕм ныхӕстӕй, сахары ма цы хӕстонтӕ баззад, уыдонӕн ӕмӕ иннӕ адӕмӕн сӕ хъару лӕмӕгъ кӕны. Йӕ зӕрдӕ адӕмӕн хорзӕй ницы зӕгъы, се сӕфтмӕ бӕллы».
Сымах та-иу, Мӕхицӕн кӕй снывонд скодтон, уыдоны сӕнӕй ныррасыг кодтат, Мӕ пехуымпартӕн сдзурыны бар нӕ лӕвӕрдтат.
Уӕдӕ ратт зӕппадз ӕртӕ боны хъахъхъӕныны бардзырд, цӕмӕй Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ма бацӕуой, ма Йӕ адавой ӕмӕ адӕмӕн афтӕ ма зӕгъой: „Уый мӕрдтӕй райгас ис“. Уӕд фӕстаг сайд фыццагӕй фыддӕр уыдзӕн».
Ӕмӕ сӕ цӕстытӕй ракастысты. Йесо сын карзӕй бафӕдзӕхста: «Хъусут, уый тыххӕй мачи хъуамӕ базона».
Афтӕ уын кӕндзысты Мӕ номы тыххӕй, уымӕн ӕмӕ Мӕ Рарвитӕджы нӕ зонынц.
Уыдон та сӕм бартхъирӕн кодтой ӕмӕ сӕ рауагътой — апостолты бафхӕрын сӕ бон нӕ уыди, уымӕн ӕмӕ, цы ӕрцыди, уый тыххӕй адӕм иууылдӕр кад кодтой Хуыцауӕн —
Кувӕндон хъахъхъӕнджыты хицау ӕмӕ алчертӕ уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыстой, уӕд фӕджих сты — цы ӕрцыд, уымӕн ницы ӕмбӕрстой.
«Мах уын фидарӕй нӕ загътам, уыцы Адӕймаджы номӕй адӕмы мауал ахуыр кӕнут, зӕгъгӕ? Сымах та ӕгас Йерусалимы ахӕлиу кодтат уӕ ахуырад. Уыимӕ ма Йын Йӕ мӕлӕт дӕр хъуамӕ мах ӕфсон фӕкӕнат».
Сымах дӕр, хицӕуттӕ, уӕ цагъартӕм ахӕм цӕстӕй кӕсут, ныууадзут уе ’ртхъирӕнтӕ. Хъулон Чи никӕй кӕны, сымахӕн дӕр ӕмӕ уыдонӕн дӕр уӕлӕрвты ахӕм Бардарӕг кӕй ис, уый уӕ рох ма уӕд.
Бардарӕджы Фарны Уац сымахӕй анхъӕвзта канд Македонийыл ӕмӕ Ахайыл нӕ, фӕлӕ, Хуыцауыл куыд тынг ӕууӕндут, уыцы хабар бахӕццӕ алы ранмӕ дӕр, ӕмӕ ныр мах уый тыххӕй дзурын ницӕмӕнуал хъӕуы.
Дзырдтой Йын ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ, фӕлӕ сын уый ӕнгӕс дзуапп нӕ лӕвӕрдта, хъизӕмарӕй Йӕ мардтой, фӕлӕ сӕ никӕмӕ бартхъирӕн кодта — Йӕхи бакодта ӕнӕхӕрам Тӕрхонгӕнӕджы бар.