26 Уад нӕ хъуамӕ раппара цавӕрдӕр сакъадахмӕ».
Наудзогтӕ йӕ куы систой наумӕ, уӕд, фӕфидар ӕй кӕныны тыххӕй, бӕндӕнтӕй науы фӕрстӕ ӕрбабастой. Дымгӕ науы цӕмӕй Сиртмӕ ма ахӕсса ӕмӕ уым тӕнӕджы ма ныссӕдза, уый тыххӕй ӕруагътой наупӕлӕз, ӕмӕ нӕ дымгӕ йӕхӕдӕг рахӕсс-бахӕсс кодта.
Цыппӕрдӕсӕм ӕхсӕв нӕ уылӕнтӕ Адриатикӕйы денджызы куы хастой, уӕд ӕмбисӕхсӕвмӕ хӕстӕг наудзогтӕ банкъардтой, зӕхмӕ кӕй ӕввахс кӕнӕм, уый.
Нау къӕдзӕхтӕм куы бахӕсса, уымӕй тӕссаг кӕй уыди, уымӕ гӕсгӕ фӕстӕрдыгӕй ӕруагътой цыппар науӕнгуыры ӕмӕ куывтой, цӕмӕй тагъддӕр ӕрбабон уа.
Зӕхмӕ куы раирвӕзтыстӕм, уӕд базыдтам, сакъадахӕн йӕ ном Мелит кӕй у, уый.