22 Ныр та уӕм сидын: уӕ ныфс ма асӕттӕд! Сымахӕй иу дӕр нӕ фесӕфдзӕн, ӕрмӕстдӕр — нау.
Уӕд Еламы байзӕддӕгтӕй иу, Шеханиа, Йехиелы фырт, Езрайӕн загъта: «Нӕ Хуыцауы раз фыдгӕнӕг стӕм, уымӕн ӕмӕ зӕххы цъары алы адӕмтӕй устытӕ фӕкуырдтам, фӕлӕ Израилӕн уыцы хъуыддаджы нырма йӕхи сраст кӕнӕн ис.
«Йӕхи цармӕн мацы уӕд, уый йеддӕмӕ адӕймаг кӕйфӕнды царм дӕр рауӕлдай кӕндзӕн, — дзуапп радта сайтан Дунедарӕгӕн. — Йӕхи царды сӕраппонд, цыдӕриддӕр ӕм ис, уыдоныл фӕстӕмӕ нӕ фӕхӕцдзӕн.
Уый зӕххы рыгӕй сисы мӕгуыры, фӕныкӕй сисы гӕвзыччы,
Уыцы ӕхсӕв Павелмӕ фӕзынди Бардарӕг ӕмӕ йын загъта: «Фидар лӕуу, Павел, уымӕн ӕмӕ, Мӕн тыххӕй Йерусалимы куыд дзырдтай, афтӕ хъуамӕ дзурай Ромы дӕр».
Уӕдӕ ма тӕрсут, хорз адӕм, ӕз Хуыцауыл ӕууӕндын: куыд мын загъдӕуыд, афтӕ уыдзӕн.
Уӕд Павел сӕдӕйыхицауӕн ӕмӕ ӕфсӕддонтӕн загъта: «Уыдон науыл куынӕ баззайой, уӕд уын фервӕзӕн нӕй».
Уымӕ гӕсгӕ уӕм хатын, цӕмӕй бахӕрат — уый ахъаз уыдзӕни уӕ фервӕзынӕн. Иу ӕрду дӕр уӕ никӕй сӕрӕй фӕхъӕудзӕн».
Уӕд се ’ппӕт дӕр фӕныфсджын сты ӕмӕ бахордтой.
иннӕтӕ та исты амӕлттӕ кӕной фервӕзынӕн — чи фӕйнӕгыл, чи та науы гӕбазыл. Афтӕмӕй не ’ппӕт дӕр раирвӕзтыстӕм зӕхмӕ.
Давидӕн йӕ сӕр бынтондӕр уынгӕджы фӕци. Сӕ цоты тыххӕй йӕм адӕм смӕсты сты ӕмӕ йӕ дурты бын фӕкӕнынмӕ хъавыдысты. Фӕлӕ Давид ныфсджын уыди Дунедарӕгӕй, йӕ Хуыцауӕй, ӕмӕ загъта сауджын Авиафарӕн, Ахимелехы фыртӕн: «Ӕрбахӕсс-ма мын ефод». Авиафар ӕм ӕрбахаста ефод,