Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 27:20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

20 Бирӕ бонты дӕргъы нӕдӕр хур, нӕдӕр стъалытӕ кӕй нӕ зындысты, уадӕн дӕр ӕрӕнцайӕн кӕй нал уыд, уымӕ гӕсгӕ фервӕзыныл нӕ зӕрдӕ нал дардтам.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Апостолты хъуыддӕгтӕ 27:20
15 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уыдон райдыдтой кувын Пеоры хохы мӕнгхуыцау Баалӕн, мӕрдтӕн хаст нывӕндты фыд хордтой.


Бирӕтӕ федтай ӕмӕ-иу бастадтӕ, фӕлӕ никуы загътай, мӕ ныфс асасти, зӕгъгӕ. Бирӕ ма дын ӕнтыст ӕмӕ дӕ хъару нӕ сӕфти.


Дӕхи бахъахъхъӕн — бӕгъӕввадӕй куы аззайай, мыййаг, куы бахус уа дӕ ком! Фӕлӕ ды загътай: «Уыдон сты ӕнӕпайда ныхӕстӕ! Ӕз ӕцӕгӕлӕтты уарзын ӕмӕ сӕм цӕудзынӕн».


Дунедарӕг мын загъта: «Адӕймаджы фырт! Ацы стджытӕ сты Израилы ӕппӕт адӕм. Уыдон дзурынц, зӕгъгӕ, бахус сты не стджытӕ, асасти нӕ ныфс, не сӕфт ӕрцыд».


Фӕлӕ Дунедарӕг денджызы тыхджын дымгӕ ауагъта, ӕвирхъау уад сыстад, нау гӕбазгай куы ныппырх уа, уымӕй тӕссаг сси.


Уыцы бӕллӕхты хӕдуӕлвӕд хур баталынг уыдзӕни, мӕй нал ратдзӕн йӕ рухс, стъалытӕ ӕрхаудзысты арвӕй, ӕмӕ уӕларвон тыхтӕ нынкъуысдзысты.


Ӕртыккаг бон та науы гӕрзтӕ ракалдтам.


Адӕм хойраджы хъӕстӕ рагӕй нал фесты. Павел рацыд сӕ размӕ ӕмӕ загъта: «Хорз адӕм, хъуыди уӕ мӕ коммӕ бакӕсын ӕмӕ Криты баззайын. Уӕд ацы бӕллӕх нӕ бавзӕрстаиккам ӕмӕ ныл зиан не ’рцыдаид.


ӕртӕ хатты мыл лӕдзджытӕй ӕрцыдысты; иу хатт мӕ дуртӕй мардтой; ӕртӕ хатты наусӕфты бахаудтӕн, ӕхсӕв ӕмӕ бон денджызы, доны мидӕг, арвыстон.


Уӕды заман сымах цардыстут ӕнӕ Чырыстийӕ, ӕндӕрбӕстаг уыдыстут, израилаг адӕмӕн — ӕцӕгӕлон. Хуыцау Йӕ адӕмӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыдонмӕ сымах ницы бар дардтат. Сымах а дунейы цардыстут ӕнӕ ныфс ӕмӕ ӕнӕ Хуыцауӕй.


Мӕн фӕнды, ӕфсымӕртӕ, цӕмӕй сымах зонат, чи амарди, уыдоны тыххӕй ӕмӕ, зӕрдӕдарӕн кӕмӕн нӕй, уыдонау хъынцъымы ма ӕфтат.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ