8 Павел йӕхи сраст кӕнынӕн загъта: «Ӕз иу тӕригъӕд дӕр нӕ ракодтон нӕдӕр иудейаг Ӕгъдауы ныхмӕ, нӕдӕр Кувӕндоны ныхмӕ, нӕдӕр кесӕры ныхмӕ».
Дзуттӕгты зӕххӕй дӕр мӕ давгӕ ракодтой, ӕмӕ ам дӕр, ницӕмӕй фӕазымджын дӕн, афтӕмӕй мӕ хъоргъы смидӕг кодтой».
Йеремиа паддзах Цедекиайӕн ноджы загъта: «Цӕмӕй фӕаххосджын дӕн дӕ разы, стӕй дӕ лӕггадгӕнджытӕ ӕмӕ дӕ адӕмы раз? Ныккӕнды мӕ цӕй тыххӕй ныппӕрстат?
Мӕ Хуыцау рарвыста Йӕ зӕды, ӕмӕ уый домбӕйтты дзыхтыл цъутта сӕвӕрдта. Ницы знаггад мын ракодтой, уымӕн ӕмӕ мӕ Хуыцауы раз сыгъдӕг разындтӕн, стӕй дӕ разы дӕр, паддзах, азымджын нӕ дӕн».
Павел синедрионыл йӕ цӕст ахаста ӕмӕ загъта: «Ме ’фсымӕртӕ, абоны онг цы ацардтӕн, уымӕй Хуыцауы раз мӕ цӕсгом сыгъдӕг у».
Нӕдӕр Кувӕндоны, нӕдӕр синагогӕты, нӕдӕр сахары ӕндӕр ран мӕн нӕ фендӕуыд искӕимӕ быцӕугӕнгӕ кӕнӕ адӕмы змӕнтгӕ.
Фӕлӕ дӕ разы ууыл сӕттын, ӕмӕ, уыдон мӕнгдин кӕй хонынц, уыцы ахуырадмӕ гӕсгӕ ӕз лӕггад кӕнын нӕ фыдӕлты Хуыцауӕн; ӕууӕндын, Ӕгъдауы чиныджы ӕмӕ пехуымпартӕм цы фыст ис, ӕппӕт уыдӕттыл.
Уый архайдта суанг Кувӕндон фӕчъизи кӕныныл, ӕмӕ йӕ мах ӕрцахстам. [Нӕ зӕрды йын уыди нӕхи Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ тӕрхон кӕнын,
Павел загъта: «Ӕз кесӕры тӕрхоны раз лӕууын, ӕмӕ мын тӕрхон ам хъуамӕ кӕной. Ды дӕр хорз зоныс: ӕз иудейӕгты хъыджы ницӕмӕй бацыдтӕн.
Ӕртӕ боны фӕстӕ Павел ӕрхуыдта дзырддзӕугӕ иудейӕгты. Куы ӕрӕмбырд сты, уӕд сын загъта: «Ӕфсымӕртӕ, нӕ адӕмы ныхмӕ ӕмӕ нӕ фыдӕлты ӕгъдӕутты ныхмӕ ӕвзӕрӕй ницы сарӕзтон, фӕлӕ мӕ Йерусалимы ӕрцахстой ӕмӕ мӕ радтой ромӕгты къухмӕ.
Уыдон ын загътой: «Мах дӕу тыххӕй Иудейӕ фыстӕджытӕ дӕр нӕ райстам, ӕрцӕуӕг ӕфсымӕртӕй дӕр нын дӕу тыххӕй ӕвзӕрӕй ничи ницы фехъусын кодта ӕмӕ загъта.
Нӕхицӕй мӕнӕ цӕмӕйты хъал стӕм: зӕххыл мах, уӕлдайдӕр та сымахимӕ абаргӕйӕ, цӕрӕм, Хуыцауӕн фӕндон куыд уа, афтӕ — хӕдӕфсарм ӕмӕ ӕнӕхинӕй; адӕймаджы зондмӕ гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ Хуыцауы хорзӕхмӕ гӕсгӕ. Уымӕн нӕ зӕрдӕ — не ’вдисӕн.